Промоутер: Гасситы Мурӕт нӕ уыны реваншы фӕнд Лебедевӕй

© Sputnik / Алана СабееваБокс. Тренировка Д.Лебедева и М.Гассиева
Бокс. Тренировка Д.Лебедева и М.Гассиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон боксер Гасситы Мурӕт у IBF версимӕ гӕсгӕ дунейы чемнионы роны хицау, йӕ командӕ ӕвзары ныхмӕлӕуджыты варианттӕ, Денис Лебедевы командӕ не ′вдисы цымыдис реваншмӕ.

ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik. Фыццаг уӕззау уӕзы IBF версимӕ гӕсгӕ дунейы чемнион Гасситы Мурӕты командӕ нӕ уыны цымыдис тох- реванш ауадзыны фӕыдл WBA роны хицау Денис Лебедевы ӕрдыгӕй ӕмӕ ӕвзары ныхмӕлӕуджыты ӕндӕр варианттӕ, фехъусын кодта агентад "Р-Спорт" Гасситы Мурӕты промоутер Леон Маргулес.

Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт ӕмӕ Денис Лебедев райстой преми "Звезда Бокса" азы хуыздӕр тохы тыххӕй

Амӕй размӕ боксеры тренер Сланты Виталий Sputnik куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Гасситы Мурӕты фарс сразы уыдзӕн реваншыл ӕрмӕстдӕр уӕд, кӕд ӕмӕ Лебедев раразмӕ кӕна йӕ WBC-ы версимӕ гӕсгӕ чемпионы титул.

Денис Лебедев 3 декабры Мӕскуыйы тӕрхонгӕнджыты ныхмӕлӕуд скъуыддзагмӕ гӕсгӕ фембылд Гасситы Мурӕтӕн ӕмӕ фесӕфта IBF титул фыццаг уӕззау уӕзы. Тохы фӕстӕ Лебедев йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ промоутерон компани "Мир бокса"-йы сӕргълӕууӕг Андрей Рябинский равдыстой цымыдис реваншмӕ.

"Гасситы Мурӕты радон ныхмӕлӕууӕг ис гӕнӕн ӕмӕ суа Кшиштоф Гловацкий. Ис ма ныхмӕлӕуджыты ӕндӕр варианттӕ дӕр, кӕцытӕ мах ныртӕккӕ ахуыр кӕнӕм. Махӕн нӕ бон уыд Лебедевимӕ реванш саразын, фӕлӕ нӕ уынӕм исты цымыдис йе ′рдыгӕй", — загъта Маргулес.

Раздӕр IBF пресс-службӕ фехъусын кодта, IBF версимӕ гӕсгӕ дунейы чемпионы титулмӕ ӕнӕмӕнг претендент, кӕцыйы хицау у боксер Хуссар Ирыстонӕй Гасситы Мурӕт, кӕй сбӕлвырд уыдзӕн 1 апрелы. Ацы бон уагъд ӕрцӕудзӕн тох польшӕйаг боксер Кшиштоф Влодарчик ӕмӕ Сомихстонӕй ацӕугӕ немыцаг Ноэль Геворы ӕхсӕн.

"Ноэль Гевор ӕмӕ Кшиштоф Влодарчик сӕ тыхтӕ бавзардзысты ӕвзӕрстон тохы 1 апрелы онг. Ацы тохы уӕлахиздзау уый фӕстӕ фембӕлдзӕн рингы Гасситы Мурӕтимӕ", — фехъусын кодтой IBF-ы пресс-службӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0