Цхинвалы цӕрӕг Гӕбӕраты Нар йӕхи аиуварс кодта президентон ӕвзӕрстытӕй

© Sputnik / Михаил ХасиевЦИК Южная Осетия Цхинвал
ЦИК Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ноджы ма иу претендент йӕхи аиуварс кодта Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты хайадистӕй.

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Ӕхсӕнадон архайӕг Гӕбӕраты Нар аиуварс кодта йӕхи ӕвзӕртсагъоммӕ дугътӕй, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Централон ӕвзарӕн къамисы.

"Инициативон къорды ӕмбырд ауадзыны размӕ Гӕбӕраты Нар фехъусын кодта ЦӔК-ы уӕнгтӕн, инициативон къорды ӕмбырд уагъд кӕй не ′рцӕудзӕн. Уый нӕ бамбарын кодта йӕ фӕндоны аххосӕгтӕ", — загътой ЦӔК-ы.

Абоны бонмӕ регистрацийы фӕдыл сӕ документты ӕххӕст пакеттӕ бадӕттой архайгӕ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий, ПӔК-ы кусӕг Гаглойты Алан ӕмӕ республикӕйы экс-президент Кокойты Эдуард.

Председатель ЦИК Южной Осетии Белла Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦӔК нал исы кандидаттӕ раразмӕ кӕнынӕн ӕмбырдтӕ уадзыны тыххӕй хъусынгӕнӕнтӕ

Уыдон ма ӕнтыстджынӕй радтой паддзахадон ӕвзӕгты фӕдыл фӕлварӕн, кӕцы у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг алы кандидатӕн дӕр.

Документтӕ райсыны фӕстӕ Централон ӕвзарӕн къамисӕн ис 10 боны, цӕмӕй басгара кандидаты тыххӕй ӕрбавдисгӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ йӕ ӕфтиӕгтӕ ӕмӕ хӕрдзты, исады ӕмӕ а. д.

Раздӕр аразӕг Багаты Амиран ӕмӕ депутат Къозонты Аланы инициативон къордтӕ дӕр ауагътой ӕмбырдтӕ.

"Уыдон нырма не ′рбавдыстой документты ӕххӕст пакет, фӕлӕ сын ис рӕстӕг ӕрбавдисын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документтӕ фӕндзӕм марты онг Централон ӕвзарӕн къамисмӕ", — бамбарын кодтой ЦӔК-ы.

ЦӔК ӕрлӕууын кӕндзӕн регистрацийы тыххӕй кандидаттӕй документты райст 2017 азы 5 марты.

Ног хабӕртты лентӕ
0