ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik. Сӕдӕ фӕндзай сывӕллоны мӕскуыйаг регионы сӕ цард ахицӕн кодтой суицидӕй, архайы "ӕнӕхъӕн технологи" суициды онг ӕркӕныны фӕдыл, фехъусын кодта Уӕрӕсейы Слестгӕнӕн комитеты сӕргълӕууӕг Александр Бастрыкин ведомствӕйы коллегийы уӕрӕх ӕмбырды рӕстӕджы цыппӕрӕмы.
"Ӕрмӕст мӕскуыйаг регионы 150 сывӕллоны амардтой сӕхи", — хъусын кӕны йӕ ныхӕстӕ РИА Новости.
Бастыркины ныхӕстӕм гӕсгӕ, ис "ӕнӕхъӕн технологи" сывӕллӕтты ӕмӕ ӕнахъомты ахӕм къахдзӕф саразынӕн — "сайттӕ, кӕцытӕн у сӕ бон хӕрзвадат бинонтӕй сывӕллоны ӕрдӕгазмӕ суицидмӕ ӕркӕнын".
УФ СК-ы сӕргълӕууӕг нымайы, фӕсивӕды кӕй хъӕуы интернетӕй иппӕрд кӕны ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ахъаз уаиккой ахӕм организацитӕ, куыд "Юнармия", кӕцы ӕрӕджы сарӕзта УФ Хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ кӕцымӕ ныридӕгӕн ӕрбангом Слестгӕнӕн комитеты кадетон корпус.