ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik. Зынгӕ ирон фыссӕг, поэт, драматург ӕмӕ тӕлмацгӕнӕг Джыккайты Шамилы мысӕн изӕр ацыд Цхинвалы фӕсивӕдон библиотекӕйы. Скъоладзаутӕ ӕмӕ студенттӕ кастысты поэтӕн нывонд ӕмӕ йӕхи фыст ӕмдзӕвгӕтӕ. Уӕрӕх экраныл равдыстой поэты къамтӕ, видеокадртӕ ӕмӕ алӕвӕрдтӕ.
Ирыстоны адӕмон поэтӕн нывонд мадзалмӕ ӕрӕмбырд ис бирӕ адӕм — скъоладзаутӕ, студенттӕ, ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджытӕ, библиотекӕты куысджытӕ, культурӕйы министрады минӕвӕрттӕ, фысджытӕ.
"Къостайы фӕстӕ нӕ тырыса Шамил уыд. Шамилы нын Хуыцау балӕвар кодта, ӕвӕццӕгӕн, Къостайӕн цъус цӕрӕнбон кӕй радта, уымӕн. Ӕз мӕхимӕ тӕхуды кӕнын, Джыккайты Шамилы кӕй зыдтон ӕмӕ иу рӕстӕг кӕй цардтӕн", — банысан кодта йӕ раныхасы депутат Гӕбӕраты Юрий.
Ирыстоны адӕмон поэт Джыккайты Шамил йӕ амӕлӕты фӕстӕ хорзӕхджын ӕрцыд Джусойты Нафийы фыццаг премийӕ. Поэтӕн йӕ ӕмдзӕвгӕтӕ зонынц ӕнӕкӕсгӕйӕ. Ирон литературӕйы иумӕйаг библиотекӕйы проекты фӕлгӕтты ацы аз рухсмӕ фӕзындзӕн Джыккайты Шамилы уацмысты ӕмбырдгонд.
Джыккайты Шамил уыд Иры раззагон интеллигенцийы ирддӕр минӕвӕрттӕй сӕ иу. Фыссӕджы йе ‘сфӕлдыстадон куысты тыххӕй фыдгӕнджытӕ амардтой 2011 азы 26 майы — уый фыста Беслӕны теракты организатортӕ ӕмӕ радикалон пысылмон диныл хӕст фыдгӕнджыты ныхмӕ.