ЦХИНВАЛ, 6 мар — Sputnik, Биазырты Дзерассӕ. Дзӕуджыхъӕуы центры уӕрӕх минтинг ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр зонӕнтӕм гӕсгӕ ӕрбамбырд кодта 500 — 1000 адӕймаджы. Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй равдисой се ‘нӕразыдзинад интернеты апарахатгонд петицийы ныхмӕ сыхаг Мӕхъӕлы ном Аланимӕ раивыны фӕдыл.
Уымӕн дзуаппӕн социалон хызӕгты фӕзынд Ирыстоны цӕрджытӕм сидт Дзӕуджыхъӕуы центрмӕ ӕрбацӕуыны фӕдыл ӕмӕ равдисын ӕнӕразыдзинад нырыккон ирӕтты историйы фальсификацийы ныхмӕ.
Ленины фӕзуатыл 5 марты райсом раджы ӕрхъула кодтой полицийы кусджытӕ, фӕлӕ ӕрӕмбырдуӕвджыты нӕ хъыгдардтой.
Фӕзуаты адӕммӕ ӕрбацыд Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав администрацийы сӕргълӕууӕг Чилӕхсаты Рустемимӕ. Ныхас адарддӕр ис 15 минуты бӕрц.
Республикӕйы сӕргълӕууӕг фидарӕй загъта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн, "кӕй нӕ бауадздзӕн историйы фальсификаци", афтӕ ма Мӕхъӕлы ном Аланимӕ раивыны фӕдыл интернеты апарахатгонд петицийы рахуыдта провокаци.
Куыддӕр республикӕйы сӕргълӕууӕг аздӕхт фӕстӕмӕ, афтӕ ам цы полицийы кусджытӕ хастой радгӕсад, уыдон бахатыдысты адӕммӕ, цӕмӕй фӕзуат ссӕрибар кӕной.