Битарты Вячеслав бахӕс кодта митинджы хъаугъамӕ сидджыты ссарын

© Пресс-служба главы РСО-Алания Глава Северной Осетии Вячеслав Битаров
Глава Северной Осетии Вячеслав Битаров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг банысан кодта, катайдзинад Дзӕуджыхъӕуы митинг йӕхӕдӕг кӕй не ′взарын кӕны, фӕлӕ дзы цы ӕхсӕнадӕмон хъаугъамӕ ӕрсидтытӕ айхъуыст, уыдон.

ЦХИНВАЛ, 6 мар — Sputnik, Болататы Алина. Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг бахӕс кодта ссарын провокаторты, кӕцытӕ сидынц ӕхсӕнадӕмон хъаугъамӕ ӕмӕ сыл сӕвӕрын бӕрндзинад.

Митинг во Владикавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры цӕрджытӕ не сты разы Мӕхъӕлы ном Аланимӕ раивыныл

Хуыцаубоны изӕры Дзӕуджыхъӕуы центры уагъд ӕрцыд митинг. Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй равдисой се ‘нӕразыдзинад интернеты апарахатгонд петицийы ныхмӕ сыхаг Мӕхъӕлы ном "Алани"-мӕ раивыны фӕдыл. Битарты Вячеслав къуырисӕры ауагъта координацион ӕмбырд барадхъахъхъӕнӕг органтимӕ.

"Ӕз зонын, хъуыддаг куыд уыд, цы блогтыл цы фӕзынд. Уымӕ гӕсгӕ мӕ фӕнды бахӕс кӕнын бӕрнон органтӕн равзӕрст ауадзын, организатортӕ хъуамӕ баййафой ӕфхӕрд. Ӕз цӕхгӕрӕй разы нӕ дӕн ныхасӕппарӕнимӕ, ома блогертӕн у сӕ бон фыссын, цыдӕриддӕр сӕ фӕнды уый ӕмӕ уый ныхмӕ ницы ис саразӕн", — загъта республикӕйы сӕргълӕууӕг.

Уый банысан кодта, "катайдзинад Дзӕуджыхъӕуы митинг йӕхӕдӕг кӕй не ′взарын кӕны, фӕлӕ дзы цы ӕхсӕнадӕмон хъаугъамӕ ӕрсидтытӕ айхъуыст, уыдон".

"Знон Ленины фӕзуатыл ӕрӕмбырд иттӕг хорз фӕсивӕд, патриотикон ӕнкъарӕнтӕй йемыдзаг, кӕцытӕ ацыдысты ӕдылы зонды фӕдыл. Ӕз нӕ хъавыдтӕн ӕмбырд ауадзын, знон куы нӕ фехъуыстаин ӕрсидтытӕ ӕхсӕнадӕмон хъаугъамӕ — уыдон мӕ баппӕрстой катайы", — загъта Битарты Вячеслав.

Ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр информацимӕ гӕсгӕ, Дзӕуджыхъӕуы митинг ӕрӕмбырд кодта 500-1000 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0