Кокойты Эдуард балӕвӕрдта хъаст тӕрхондонмӕ ЦӔК-ы тобӕйы фӕдыл

© Sputnik / Наталья АйриянЭдуард Кокойты
Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Экс-президенты фарсхӕцджыты ныфс ис ӕмӕ Уӕлдӕр тӕрхондон кӕй банымайдзӕн ЦӔК-ы скъуыддзаг Кокойты Эдуарды президенттӕм кандидатӕй срегистраци кӕныны фӕдыл ӕнӕзакононыл.

ЦХИНВАЛ, 9 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны экс-президент Кокойты Эдуард балӕвӕрдта хъаст Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ РХИ ЦӔК-ы скъуыддзаджы тыххӕй, кӕцы тобӕ сӕвӕрдта уый президенттӕм кандидатӕй срегистраци кӕныныл, фехъусын кодта цыппӕрӕмы Sputnik Кокойты Эдуарды штабы сӕргълӕууӕг Харебаты Сергей.

ЦИК Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦӔК: Кокойты Эдуарды срегистраци кӕнынӕн нӕй барадон бындуртӕ

Хуссар Ирыстоны 4 марты ЦӔК рахаста скъуыддзаг Кокойты Эдуарды президенттӕм кандидатӕй срегистрацийыл тобӕ сӕвӕрын, экс-президентӕн биноныгдзинады ценз кӕй нӕй, уый тыххӕй.

"Абон мах бадӕттам хъаст Центрӕвзӕрсткъамы Кокойты Эдуарды президенттӕм кандидатӕй срегистрацийыл тобӕйы скъуыддзаджы фӕдыл. Мах ныфс ис ӕмӕ Уӕлдӕр тӕрхондон кӕй банымайдзӕн Кокойты Эдуарды президенттӕм кандидатӕй ЦӔК-ы тобӕйы скъуыддзаг ӕнӕзакононыл", — загъта Харебаты Сергей.

Биноныгдзинады цензы хъуагдзинадӕй дарддӕр ма Центрӕвзӕрсткъам ссардта цалдӕр уагхӕлды Кокойты Эдуарды документты, сӕрмагондӕй, къамисы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй уый не ′рбавдыста зонӕнтӕ ахӕстоны искуы уыд ӕви нӕ ӕмӕ ма исты партийы уӕнг уыд ӕви нӕ, уыдӕтты фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0