ЦХИНВАЛ, 9 мар — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны территорийыл кусдзысты ӕртӕ ӕвзарӕн фадыджы Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты ӕмӕ республикӕйы ном раивыны референдумы фӕдыл, загъта Sputnik ЦӔК-ы сӕргълӕууӕг Плиты Белла.
Центрӕвзӕрсткъам 4 марты фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты ӕмӕ республикӕйы ном раивыны референдумы фӕдыл ӕвзарӕн фадгуыты номхыгъд. ЦӔК-ы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, ӕдӕппӕт нывӕзты уыд бакӕнын 76 ӕвзарӕн фадыджы, 72 — Хуссар Иры территорийыл, цыппар та — республикӕйӕн ӕддейӕ.
"8 марты Хуссар Ирыстоны ЦӔК-ы рабадты рӕстӕджы райст ӕрцыд уынаффӕ Цӕгат Ирыстоны ӕвзарӕн фадыг бакӕнын. Ӕдӕппӕт йӕ территорийыл кусдзысты ӕртӕ фадыджы. Ацы скъуыддзаджы тыххӕй схъӕлӕс кодтой ЦӔК-ы уӕнгтӕй дӕсӕй, фондз уӕнджы равдыстой ӕнӕразыдзинад", — загъта Плиты Белла.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм скъуыддзаг бындуриуӕг кӕны Хуссар Ирыстоны минӕварады консулон хайады куырдиатыл, цы ран ӕрӕмбырд сты Цӕгат Ирыстоны иудадзыг цы хуссарирыстойнаг ӕмбӕстӕгтӕ цӕрынц, уыдон бирӕнымӕц куырдиӕттӕ.
"Сӕрмагондӕй, Горӕтгӕрон районы. Махӕн нӕу нӕ бон мацӕмӕ дарын, республикӕйӕн ӕддейӕ не ′мбӕстӕгтӕй чи цӕры, уыдон конституцион бар ӕмӕ сӕ фӕндон ӕвзӕрстыты хайад райсыны фӕдыл. ЦӔК аразы алы уавӕр дӕр, цӕмӕй не ′мзӕххонтӕн уа фадат Цӕгат Ирыстоны схъӕлӕс кӕнынӕн. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый ноджыдӕр у нӕ адӕмы националон иудзинады ӕвдисӕн, афтӕ ма дзурӕг у ӕвзӕрстыты закъондзинад ӕмӕ ӕцӕгдзинадыл", — банысан кодта Плиты Белла.
Уый ӕмрӕстӕджы ма ЦӔК-ы сӕргълӕууӕг аиуварс кодта информаци, зӕгъгӕ, ӕвзарӕн фадгуытӕ баконд ӕрцӕудзысты Уӕрӕсейы ӕндӕр регионты дӕр.