Евкуров: мах нӕ нывӕндӕм Мӕхъӕлы ном Аланимӕ раивын

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæМӕхъӕлы сӕргълӕууӕг Юнус-Бек Евкуров
Мӕхъӕлы сӕргълӕууӕг Юнус-Бек Евкуров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мӕхъӕлы сӕргълӕууӕг банысан кодта, ахӕм уынаффӕтӕ кӕй нӕ цӕуынц райст иуварсонӕй

ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Мӕхъӕлы сӕргълӕууӕг Юнус-Бек Евкуров аиуварс кодта информаци, зӕгъгӕ республикӕйы хицӕуттӕ нывӕндынц Мӕхъӕлы ном Аланимӕ раивын, фыссы РИА Новости.

Глава Северной Осетии Вячеслав Битаров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Битарты Вячеслав бахӕс кодта митинджы хъаугъамӕ сидджыты ссарын

Амӕй размӕ интернеты ресурстӕй иуыл фӕзынд петици Республикӕ Мӕхъӕлы ном Аланимӕ раивыны фӕдыл.

Уымӕн дзуаппӕн социалон хызӕгты фӕзынд Ирыстоны цӕрджытӕм сидт Дзӕуджыхъӕуы центрмӕ ӕрбацӕуыны фӕдыл ӕмӕ равдисын ӕнӕразыдзинад нырыккон ирӕтты историйы фальсификацийы ныхмӕ. Ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр информацимӕ гӕсгӕ, Дзӕуджыхъӕуы митинг ӕрӕмбырд кодта 500-1000 адӕймаджы.

Мӕхъӕлы хицӕутты информацимӕ гӕсгӕ, провокацион петицийы автор бӕрӕг у, ӕрыгон лӕппу цӕры Санкт-Петербурджы, йӕ хъӕппӕрис та йын интернеты цалдӕр бонмӕ хорзыл банымадтой ӕрмӕстдӕр 200 сӕдӕ адӕймаджы.

Мӕхъӕлы къухдариуӕггӕнӕджы пресс-службӕйы зонӕнтӕм гӕсгӕ, цыппӕрӕмы ӕхсӕнадон фӕсивӕдон организациты минӕвӕрттимӕ фембӕлды рӕстӕджы Евкуров банысан кодта, ахӕм уынаффӕтӕ иуварсонӕй ист кӕй нӕ цӕуынц.

"Мах нӕ нывӕндӕм республикӕйы ном Аланимӕ раивын. Нӕ регионӕн ис хорз, аив ном — Мӕхъӕл", — загъта Евкуров.

Уый ма банысан кодта, мӕхъӕлон адӕм кӕй зонынц сӕ равзӕрд, истори, цы ран цардысты сӕ фыдӕлтӕ, уыдон кӕй сты аланты фӕдонтӕ, рагон Аланийы столицӕ та уыд Магас.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0