ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕвӕг уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайӕдтӕ "Дзарцъем"-ы полигоны ахуырты рӕстӕджы сӕххӕст кодтой ӕфсӕддон ӕхст танктӕй Т-72, фистӕгӕфсады ӕфсӕддон машинӕтӕй БМП-2, хӕдцӕугӕ артиллерион ӕвӕрдтӕй "Акация", минӕхсӕгтӕй "Сани" ӕмӕ ӕхсӕг хӕцӕнгарзӕй, фехъусын кодта майрӕмбоны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.
Ахуырты Хуссар Иырстоны райстой хайад уӕрӕсейаг базӕйы 600 ӕфсӕддон службӕгӕнӕджы ӕмӕ 100 иуӕджы хӕстӕрмӕджытӕ ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕ.
"Ахуырты рӕстӕджы ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ сӕххӕст кодтой ӕфсӕддон ӕхст танктӕй Т-72, фистӕгӕфсады ӕфсӕддон машинӕтӕй БМП-2, хӕдцӕугӕ артиллерион ӕвӕрдтӕй "Акация", минӕхсӕгтӕй "Сани", атоматон ӕмӕ къухы хӕсгӕ гранатӕӕхсӕгтӕй АГС-17 ӕмӕ РПГ-7, афтӕ ма ӕхсӕг хӕцӕнгарзӕй уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ӕмӕ ӕнӕпилотон тӕхгӕ апппаратты ӕмархайдӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Афтӕ ма банысан ӕрцыд, ахуырты рӕстӕджы уӕлдай хъусдард аздӕхт кӕй ӕрцыд ӕфсӕддон тохтӕ уадзынмӕ хӕххон-хъӕдджын бынаты уавӕрты, ӕмархайды организаци, штатон ӕмӕ уӕлӕмхас дӕлхайадты ӕхстӕн къухдариуӕгадмӕ, ӕфсӕддон машинӕтӕ скъӕрынӕмӕ, уыдонӕй ӕхсыны фӕлтӕрддзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнынмӕ, афтӕ ма индивидуалон ӕмӕ къордон нормативтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ.