Милици хъахъхъӕны тӕрхондоны бӕстыхай, цыранмӕ ‘рбамбырд сты Кокойты Эдуарды фарсхӕцджытӕ

© Sputnik / Нарек ОрдянСотрудники МВД около здания Верховного суда
Сотрудники МВД около здания Верховного суда - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кокойты Эдуарды фарсхӕцджытӕ сарӕзтой балц Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондоны бӕстыхаймӕ митинджы фӕстӕ, экс-президент ӕрсидт адӕммӕ "хи сабыр дарын ӕмӕ мацы быцӕудзинӕдтӕ аразын".

ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ рахызт службӕ хӕссыны фӕтыхджындӕргонд режиммӕ, милицийы кусджытӕ ӕмӕ патрулон машинӕтӕ хъахъхъӕнынц ӕхсӕнадон уагӕвӕрд Цхинвалы, загъта Sputnik мидхъуыддӕгты министр Лӕууойты Ӕхсар.

Кокойты Эдуарды фарсхӕцджытӕ араст сты Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондоны бӕстыхаймӕ. "Балц" райдыдта митинджы фӕстӕ, кӕцыйы рӕстӕджы экс-президент ӕрсидт адӕммӕ "хи сабыр дарын ӕмӕ мацы быцӕудзинӕдтӕ аразын".

© Sputnik / Наталья АйриянКокойты Эдуарды фарсхӕцджытӕ
Сторонники экс-президента Эдуарда Кокойты собрались на митинг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кокойты Эдуарды фарсхӕцджытӕ

Хуссар Ирыстоны 4 марты ЦӔК рахаста скъуыддзаг Кокойты Эдуарды президенттӕм кандидатӕй срегистрацийыл тобӕ сӕвӕрын, экс-президентӕн биноныгдзинады ценз кӕй нӕй, уый тыххӕй.

Эк-президент ивгъуыд къуыри балӕвӕрдта хъаст Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ Центрӕвзӕрсткъамы Кокойты Эдуарды президенттӕм кандидатӕй срегистрацийыл тобӕйы скъуыддзаджы фӕдыл.

Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кокойты Эдуард балӕвӕрдта хъаст тӕрхондонмӕ ЦӔК-ы тобӕйы фӕдыл

"МХМ кусы фӕтыхджындӕргонд режимы. Ацы тӕккӕ горӕты алцыдӕр у сабыр. Милицийы кусджытӕ ӕмӕ патрулон машинӕтӕ хъахъхъӕнынц ӕхсӕнадон уагӕвӕрд Цхинвалы. Уӕлдӕр тӕрхондоны бӕстыхайы цур, цы ран нытыгуыр ис бирӕ адӕм, равӕрдтой гӕрӕнтӕ", — загъта Лӕууойты Ӕхсар.

Республикӕйы генпрокуратурӕ зон изӕрӕй апарахат кодта информацион ӕрсидт цӕрджытӕм, цӕмӕй сӕхи бахизой "ӕхсӕнадон уагӕвӕрды ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны конституцийы ныхмӕ здӕхт ӕнӕзаконон уӕрӕх мадзӕлтты хайадистӕй".

Ӕрсидт конд у цалдӕр сыфӕй ӕмӕ дзы ис лӕмбынӕг скъуыддзӕгтӕ ӕнӕзаконон публикон акциты тыххӕй административон бартӕхӕлды кодексӕй ӕмӕ ахӕм мадзӕлтты хайадисты фӕдыл бӕрны тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0