Уӕлдӕр тӕрхондон не ′сразы Кокойты Эдуарды хъастимӕ ЦӔК-ы скъуыддзаджы ныхмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЗдание суда в г.Цхинвал Южная Осетия
Здание суда в г.Цхинвал Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондоны рабадт цыд фараст сахатмӕ ӕввахс.

ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондон нӕ аивта ЦӔК-ы скъуыддзаг Кокойты Эдуарды Хуссар Ирыстоны президенттӕм кандидатӕй ма бауадзыны фӕдыл.

Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кокойты Эдуард балӕвӕрдта хъаст тӕрхондонмӕ ЦӔК-ы тобӕйы фӕдыл

РХИ Уӕлдӕр тӕрхондон дыццӕджы ӕркаст экс-президент Кокойты Эдуарды хъастмӕ республикӕйы ЦӔК-ы скъуыддзаджы фӕдыл, кӕцы сӕвӕрдта тобӕ уый президнты бынатмӕ кандидатӕй срегистраци кӕныныл. Тӕрхондонон рабадт цыд фараст сахаты бӕрц, уый фӕстӕ коллеги ӕртӕ тӕрхонгӕнӕджы скондӕй рахаста ӕппӕрццаг скъуыддзаг.

Дыццӕджы сӕймӕрайсомӕй тӕрхондоны бӕстыхайы цурмӕ ӕрбамбырд сты Кокойты Эдуарды фарсхӕцджытӕ. Бӕстыхай та хъахъхъӕдтой барадхъахъхъӕнӕг органтӕ.

Кокойты Эдуард схуыдта равдыста ӕнӕразыдзинад РХИ Уӕлдӕр тӕрхондоны скъуыддзагимӕ ӕмӕ йӕ рахуыдта ӕрымысгӕ.

"Тӕрхондон рахаста ӕппӕрццаг скъуыддзаг, аххосӕгтӕ иууылдӕр сты ӕрӕмысгӕ", — загъта уый журналисттӕ ӕмӕ йӕ фарсхӕцджытӕн Уӕлдӕр тӕрхондоны рабадты фӕстӕ.

Уӕлдӕр тӕрхондон нырма нӕ аразы комментаритӕ райсгӕ уынаффӕйӕн. Йӕ сӕргълӕууӕг Хуыгаты Илона банысан кодта, рабадтыл кӕй фехъусын кодтой скъуыддзаджы резолютивон хай, ӕххӕст тект та мыхуыр ӕрцӕудзӕн тӕрхондонон инстанцы сайтыл.

Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ: Кокойты Эдуард карз кӕны уавӕр

Хуссар Ирыстоны 4 марты ЦӔК рахаста скъуыддзаг Кокойты Эдуарды президенттӕм кандидатӕй срегистрацийыл тобӕ сӕвӕрын, экс-президентӕн биноныгдзинады ценз кӕй нӕй, уый тыххӕй. Биноныгдзинады цензы хъуагдзинадӕй дарддӕр ма Центрӕвзӕрсткъам ссардта цалдӕр уагхӕлды Кокойты Эдуарды документты, сӕрмагондӕй, къамисы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй уый не ′рбавдыста зонӕнтӕ ахӕстоны искуы уыд ӕви нӕ ӕмӕ ма исты партийы уӕнг уыд ӕви нӕ, уыдӕтты фӕдыл. Уый фӕстӕ экс-президент балӕвӕрдта хъаст Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ.

Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстытӕ уагъд ӕрцӕудзысты 9 апрелы. Кадидаты бӕлвырдгӕнӕнтӕ райстой Хуссар Ирыстоны архайгӕ президент Тыбылты Леониды, парламенты спикер Бибылты Анатолий ӕмӕ РХИ ПӔК-ы кусӕг Гаглойты Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0