Путин хорзыл банымадта РХИ дӕлхайӕдты бацыд УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ

© Sputnik / Ада Багиан25 лет независимости РЮО
25 лет независимости РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы президент Владимир Путин бахæс кодта Хъахъхъæнынады министрадæн ауадзын бадзырдтæ хуссарирыстойнаг фарсимæ æмæ УФ номæй бафыссын бадзырд.

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Уæрæсейы президент бахæс кодта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ӕхсӕн бадзырд бафыссын РХИ Гарзджын тыхты хицӕн дӕлхайадты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ бацыды фæдыл, хъусын кæны РИА Новости.

"УФ хицауады æнхъарæн райсын, кæцы домы РХИ Гарзджын тыхты хицӕн дӕлхайадты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ бацыды фæдыл бадзырд бафыссын. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрадæн хæс цæуы УФ Фæсарæйнаг министрады имæиумæ ауадзын бадзырдтæ хуссарирыстойнаг фарсимæ æмæ Уæрæсейы номæй бафыссын бадзырд, бар лæвæрд цæуы проектмæ бахæссын ивындзинæдтæ,кæцытæн принципалон нысаниуæг нæй", — дзырдæуы суагъæйы.

Ӕфсæддон бадзырдыл бакуыстæуыд интеграци æмæ æмцæдисады тыххæй бадзырд фæлæгæтты, кæцы бафыст æрцыд 18 марты 2015 азы.

Военный парад к 25-летию РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг хицауад хорзыл банымадта РХИ дӕлхайӕдты бацыд УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы сæргълæуджытæ 18 марты Мæскуыйы бафыстой интеграци æмæ æмцæдисады тыххæй бадзырд. Бадзырд рагхыгъд кæны æрæмдзых æддагон политикæ, хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады иумæйаг тыгъдад, дыууæ бæстæты барадхъахъхъæнæн координацион центры сырæзт.

Документ ма рагхыгъд кæны бæстæты æхсæн арæныл сæрибарæй цæуын, РХИ-йы таможнæйон органты интеграци УФ-йы æнгæс структурæтæм. Уæрæсе йæхимæ хæс исы Хуссар Ирыстоны куыстмыздтæ æмæ пенситæ Цæгат Кавказы æмвæзады онг фæфылдæр кæнын. Афтæ ма республикæйæн феххуыс кæнын ахуырад, культурæ æмæ зонады райрæзтæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0