ЦӔК не срегистраци кодта Багаты Амираны президенты бынатмæ кандидатæй

© Sputnik / Наталья АйриянПравительство Южная Осетия
Правительство Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уынаффæ хæсгæйæ, ЦӔК-ы кусджытæ бындуриуæгад кодтой бафыссæн гæххæттыты рæдыдтытыл.

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны централон æвзарæн къамис не стрегистраци кодта президенты бынатмæ кандидатæй Багаты Амираны, фехъусын кодта Sputnik президенты бынатмæ претендент йæхæдæг.

"ЦӔК не срегистраци кодта мæн кандидатæй. Мæнæн бамбарын кодтой уый аххосаг — бафыссæн гæххæттыты рæдыдтытæ. Ӕртыццæджы æз фæнд кæнын бацæуын ЦӔК-мæ бæстон дзуаппытæ райсынмæ", — загъта Амиран.

ЦӔК радта кандидаты бæлвырдггæнæнтæ архайгæ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий æмæ ПӔК-ы кусæг Гаглойты Аланæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0