МХМ сӕргълӕууӕг: Кокойты Эдуарды фарсхӕцджыты провокацитӕ цӕудзысты нымӕг

© Sputnik / Наталья АйриянЭдуард Кокойты
Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мидхъуыддӕгты министрады республикӕйы уавӕрӕн саргъ кодтой куыд сабыр ӕмӕ бафӕдзӕхстой, карзӕй кӕй нымӕг кӕндзысты цыфӕнды провокаци дӕр.

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik, Козаты Диана. Экс-президент Кокойты Эдуарды фарсхӕцджыты цыфӕнды провокаци дӕр карзӕй нымӕг цӕудзӕн Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органты ӕрдыгӕй, загъта Sputnik МХМ-ы сӕргълӕууӕг Лӕууойты Ӕхсар.

Республикӕйы Уӕлдӕр тӕрхондон дыццӕджы йӕ тыхы ныууагъта ЦӔК-ы скъуыддзаг Кокойты Эдуарды Хуссар Ирыстоны президенттӕм кандидатӕй ма бауадзыны фӕдыл. Уымӕн дзуаппӕн экс-президенты фарсхӕцджытӕ ноджы цалдӕр сахаты арвыстой республикӕйы хицауады бӕстыхайы раз домӕнимӕ, цӕмӕй архайгӕ президент ӕмӕ цалдӕр бӕрнон кусӕджы сӕ бынатӕй ацӕуой.

Адӕм нӕ апырх сты, цалынмӕ сын Тыбылты Леонид ӕмӕ Кокойты Эдуарды нывӕзтгонд фембӕлды тыххӕй фехъусын кодтой, уӕдмӕ.

"Ныртӕккӕ уавӕр республикӕйы иумӕйагӕй у сабыр. Фӕлӕ знон алцыдӕр уӕхи цӕстӕй федтат. Хъыгагӕн, Кокойты Эдуард разӕнгард кӕны йӕ фарсхӕцджыты провокацитӕм, сиды сӕм, цӕмӕй хицауады бӕстыхайы цур ӕрбамбырд уой", — загъта Лӕууойты Ӕхсар.

МХМ-ы сӕргълӕууӕг банысан кодта, барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ма иу хатт кӕй нывӕндынц ралӕууын фӕдзӕхстимӕ ӕхсӕнадон уагӕвӕрд фехалын ӕмӕ быцӕутӕ саразыны фӕдыл бӕрны тыххӕй.

Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ: Кокойты Эдуард карз кӕны уавӕр

"Кӕд сӕ фӕстӕ ацӕуой провокацитӕ, уӕд сӕ барадхъахъхъӕнӕг органтӕ нымӕг кӕндзысты карзӕй, фӕлӕ законы фӕлгӕтты", — загъта министр.

Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны хицауады бӕстыхайы цур хӕссынц радгӕсад барадхъахъхъӕнӕг органты минӕвӕрттӕ.

Президенты администрацийы ратӕдзӕн фехъусын кодта Sputnik, Кокойты Эдуардимӕ фембӕлдтӕ нывӕзтгонд кӕй сты 12 сахатмӕ.

Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстытӕ уагъд ӕрцӕудзысты 9 апрелы. Кадидаты бӕлвырдгӕнӕнтӕ райстой Хуссар Ирыстоны архайгӕ президент Тыбылты Леониды, парламенты спикер Бибылты Анатолий ӕмӕ РХИ ПӔК-ы кусӕг Гаглойты Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0