Цӕгат Иры бæрнон кусæг сылгоймагæй адавтой 100 милуан сомы

© Sputnik / Михаил Кутузов /  Ахизын медиабанкмæДенежные купюры и монеты разных стран
Денежные купюры и монеты разных стран - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны Ӕрыдоны районы социалон хъусдарды управленийы кусæджы хæдзарæй ахастой æхца æмæ сыгъзæрин 100 милуан сомы аргъæй фылдæр.

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Барадхъахъхъæнæг органтæ сбæлвырд кодтой зæрæдæхсайгæ къæрныхы ном, хъусын кæны 15 регион. Фыдракæнды зæрдæхсайгæ у Н. Аслан, кæцы ма раздæр дӕр бадт ахæстоны.

Российские деньги - Sputnik Хуссар Ирыстон
Душанбейы ӕмбӕстаг йе ‘мдзӕрӕгӕй Цхинвалы адавта егъау суммӕ ӕхца

Къæрных рахаста А. Ларисайы хæдзарæй сыгъзæрин къухдарæнтæ, сахаттæ, цонгдарæнтæ æмæ æхца.

Сылгоймаджы ныхæстæм гæсгæ, сыгъзæрин сты йæхи, æхцайы фæрæзтæ — йæ хæстæджы, кæцы сæ ‘мбырд кодта цалдæр азы дæргъы.

Абырæг бахызт хæдзармæ бон сихорафон æмæ йын бантыст рахæссын æппæт зынаргъ дзаума — 100 милуан сомы æмæ сыгъзæрин 2 милуан æмæ æрдæджы аргъ. Барадхъахъхъæнæг органтæ агурынц зæрдæхсайгæ нæлгоймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0