ФХМ: Гуырдзыстон пайда кӕны "уӕрӕсейаг тасӕй" йӕ конфронтацион политикӕ бамбӕхсынӕн

© Sputnik / Ада БагианДНР и ЛНР открыли свои представительства в Южной Осетии.
ДНР и ЛНР открыли свои представительства в Южной Осетии. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ президент владимир Путин дыццӕджы бахӕс кодта Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрадӕн ауадзын бадзырдтӕ хуссарирыстойнаг фарсимӕ ӕмӕ УФ-йы номӕй къухтӕ бафыссын ацы бадзырдыл.

ЦХИНВАЛ, 16 мар — Sputnik. РХИ Гарзджын тыхты хицӕн дӕлхайадты УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ бацыды фæдыл бадзырд у ӕмцӕдисад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырды райрӕзт, кӕцы рагхыгъд кӕны ӕдасдзинад ӕмӕ хъахъхъӕнынады иумӕйаг тыгъдады сырӕзт, дзырдӕуы ФХМ-ы официалон хъусинаджы.

УФ президент владимир Путин дыццӕджы бахӕс кодта Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрадӕн ауадзын бадзырдтӕ хуссарирыстойнаг фарсимӕ ӕмӕ УФ-йы номӕй къухтӕ бафыссын ацы бадзырдыл. Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы сарӕзтой комментарий Гуырдзыстоны хицӕутты рекцийӕн, кӕцытӕй райхъуыст хъусынгӕнинаг, зӕгъгӕ, документ халы "Гуырдзыстоны суверенитет ӕмӕ территориалон ӕнӕхъӕндзинад" ӕмӕ "дестабилизаци кӕны уавӕр регионы".

"2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмӕ Гуырдзыстоны агресси ӕркодта политикон ивындзинӕдтӕм Фӕскавказы. Уӕрӕсе банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад. Ӕмгуыстад, хӕларад ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуысы фӕдыл бадзырд та ӕрӕвӕрдта бындур дыууӕ бӕстӕты паддзахадон ахастытӕн. Гуырдзыстоны территориалон ӕнӕхъӕндзинадмӕ Хуссар Ирыстонӕн, уӕлдайдӕр та Уӕрӕсейӕн, ӕппындӕр ницы ахаст ис, Хуссар Иры ӕхсӕнадӕмон банымад та у ӕнӕаивгӕ факт", — загътой ФХМ-ы.

Ӕддагполитикон ведомствӕйы бамбарын кодтой, ӕфсӕддон бадзырд кӕй у ӕмцӕдисад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырды райрӕзт, кӕцы рагхыгъд кӕны ӕдасдзинад ӕмӕ хъахъхъӕнынады иумӕйаг тыгъдады сырӕзт.

25 лет независимости РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Путин хорзыл банымадта РХИ дӕлхайӕдты бацыд УФ-йы Гарзджын тыхты скондмӕ

"Ацы бадзырд, кӕцы у ӕмбӕлон ӕхсӕнадӕмон барадӕн, ссис ноджы иу къахдзӕф Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн ахастытӕ сфидардӕр кӕныны хъуыддаджы ӕмӕ гуырдзыстойнаг фарс куыд дзуры, афтӕмӕй ницы тас нӕ хӕссы", — банысан кодтой хъусынгӕнинаджы автортӕ.

ФХМ-ы банысан кодтой, Хуссар Ирыстон Уӕрӕсейы кӕй нымайы йӕ ӕдасдзинад бахъахъхъӕныны фӕдыл иунӕг гарантыл ӕмӕ кӕй нывӕнды Уӕрӕсеимӕ стратегион партнерад адарддӕр кӕнын.

Уагдоны ма зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы бадзырдон-барадон базӕ кӕй ис ӕрмӕстдӕр дыууӕ суверенон бӕстӕтӕ — Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы бӕрны.

"Гуырдзыстоны къухдариуӕгад сывзӕргӕ политикон реалитимӕ карз ӕнӕразыдзинад ӕвдисгӕйӕ, фӕлвары апарахат кӕнын "уӕрӕсейаг тас" йӕхи конфронтацион политикӕ бамбӕхсынӕн. Уымӕн ӕмӕ дестабилизацийы аххосӕг сты Гуырдзыстоны ахастытӕ НАТО-имӕ, кӕцытӕ хорзыл нымайынц йӕ реваншистон хъуыдытӕ ӕмӕ карздӕр кӕнынц уавӕр регионы", — банысан кодтой Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы. 

Ног хабӕртты лентӕ
0