Цæгат Иры зенитчиктæ æхсты бын фæкæндзысты æнæпилотон тæхгæ аппаратты

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæУчения зенитчиков
Учения зенитчиков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зылды уæлдæфон хъахъхъæнынады æфсад ацы аз фыццаг хатт фæкæндзысты æхсты бын æнæпилотон тæхгæ аппаратты фæзмынæг, къаннæг уæлдæфон нысæнттæ

ЦХИНВАЛ, 21 мар — Sputnik. Цæгат Ирыстоны полигоны Хуссар æфсæддон зылды уæлдæфон хъахъхъæнынады æфсады дæлхайадтæ фыццаг хатт ахуырты рæстæджы скуынæг кæндзысты мæнг ныхмæлæууæджы æнæпилотон аппараттæ, фехъусын кодтой РИА Новости ХӔЗ-ы пресс-службæйы.

Российский танк Т-72Б3 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг танктӕ Т-72 ауагътой ӕфсӕддон ӕхстытӕ Хуссар Иры хӕхты

Ахуыртæ ма ацæудзысты ноджы ХӔЗ-ы 14 полигонты Хуссар æмæ Цæгат-Кавказаг федералон зылдты, афтæ ма Абхаз æмæ Сомихстоны базæты.

ХӔЗ-ы банысан кодтой, ахуырадон мадзæлтты кæй архайынц 2 мин æфсæддон службæгæнæджы æмæ 500 иуæджы нырыккон æфсæддон æмæ сæрмагонд техникæ — зенитон-ракетон системæтæ С-300 В4 æмæ Тор-МУ, зенитон-ракетон комплекстæ Бук-М2, "Тунгуска" æмæ "Стрела-10", афтæ ма змæлгæ зенитон-ракетон комплекстæ "Игла".

Уæлдæфон хъахъхъæнынады æфсад 2017 азы фыццаг хатт сæххæст кæндзӕнæхст къаннæг уæлдæфон нысæнттыл, кæцытæ фæзмынынц мæнг ныхмæлæууæджы тæхгæ аппараттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0