ЦХИНВАЛ, 21 мар — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путины зæрдæ загъта æнтыстытæ РХИ президенты æвзæрстыты размæ йæ хуссарирыстойнаг коллегæ Тыбылты Леонидимæ фембæлды рæстæджы, фехъусын кодта РИА Новости.
Паддзахæдты сæргълæуджытæн фембæлд уыд дыццæджы уæрæсейаг столицæйы.
"Мæ зæрдæ дын зæгъы æныстытæ. Ныфс мæ ис, алцыдæр кæй ацæудзæн Конституцийы фæлгæтты закæттæ хъахъхъæнгæйæ", — загъта Путин Тыбылты Леонидимæ фембæлды рæстæджы Кремлы.
Уый банысан кодта, кæй нывæнды йæ хуссарирыстойнаг коллегæимæ æдасдзинады фарстытæй дарддæр æруынаффæ кæнын социалон-экономикон æмæ политикон темæтыл, уый нымæцы республикæйы æвзæрстытыл.
Путин банысан кодта, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны хсæн кӕй сæвзæрд æмцæдисон ахастытæ.
"Мах райгонд стæм, уæ бæстæйы уавæр кæй нывыл кæны", — загъта Путин.
Тыбылты Леонид йæхирдыгæй загъта, адæм кæй рахатыдысты УФ-имæ бадзырдты æвæрццаг тæфаг, сæрмагондæй та интеграци æмæ æмцæдисы бадзырды фæстиуджытæ.
Республикæйы раздзог бафиппайдта, зӕгъгӕ, "уый у æдасдзинад æмæ фидæны æнæгуызавæдзинад".
Уый банысан кодта, Уæрæсейы æххуысæй Хуссар Ирыстон кӕй фæивта, æндæр фæлыст райстой столицæ æмæ районон центртæ.
"Мæхæдæг сæрмагондæй æвдисын дæумæ мæ арфæ æмæ бузныгдзинад. Ӕппæт æххуыс дæр фæхæццæ ис Хуссар Ирыстонмæ æмæ сымбæлд йæ нысаныл", — загъта Тыбылты Леонид.