ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстонимӕ ахастытӕ сфидар кӕнын у Уӕрӕсейы ӕддагполитикон векторы ахсджиагдӕр хӕйттӕй иу, загъта Паддзахадон думӕйы сӕрдары хӕдивӕг, "Единая Россия"-йы Генералон советы нымӕрдар Сергей Неверов РХИ президент Тыбылты Леонидимӕ фембӕлды рӕстӕджы.
Хуссар Ирыстоны президент уыд Мӕскуыйы кусӕгон балцы, фӕмбӕлд Уӕрӕсейы президент Владимир Путинимӕ, уӕрӕсейаг политиктимӕ ӕмӕ ирон диаспорӕйы минӕвӕрттимӕ.
"Хуссар Ирыстон цӕуы размӕ:арӕзт цӕуынц социалон объекттӕ, скуыддзаг цӕуынц цардуагон проблемӕты уӕрӕх спектр. Ӕввахс рӕстӕджы республикӕйы уцӕудзысты ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ тынг ахсджиаг у, цӕуӕй уыдон уагъ ӕрцӕуой демократион принциптӕн ӕххӕстӕй дзуапп дӕтгӕйӕ". — фехъусын кодта Неверовы ныхӕстӕ РХИ президенты пресс-секретарь Гана Яновская.
Афтӕ ма Паддзахадон думӕйы сӕрдары хӕдивӕг бахахх кодта, "Единая Россия" цӕттӕ кӕй у баххуыс кӕнын Хуссар Ирыстоны ӕргом ӕмӕ легитимон ӕвзӕрстытӕ ауадзыны хъуыддаджы.
Тыбылты Леонид загъта бузныг Неверовӕн хъарм ахаст ӕмӕ ныфсы ныхӕсты тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, Уӕрӕсейы хицауад кӕдфӕндыдӕр кӕй вӕййы хуссарирыстойнаг адӕмы фарсмӕ ахсджиаг фарстытӕ скъуыддзаг кӕныны рӕстӕджы.
"Бузныг уӕ хъусдарды тыххӕй нӕ республикӕмӕ, уӕ ӕппынӕдзух ӕххуысы тыххӕй. Мах цӕуӕм размӕ, тырнӕм райрӕзтмӕ ӕмӕ нӕ разы лӕууӕг фарстытӕ скъуыддзаг кӕнынмӕ", — ӕрхаста Яновская президенты цитатӕ.
Тыбылты Леонид ма бафиппайдта, Паддзахадон думӕйы минӕвӕртты алыхатт дӕр кӕй фӕхонынц Хуссар Ирыстоны ӕвзӕрстон процестӕм цӕстдарджыты хуызы ӕмӕ сӕм ныр дӕр кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты ӕнӕрхъӕцӕй.
"Уӕ хайадист Хуссар Иры ӕвзӕрстыты у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг", — бахахх кодта уый.
Хуссар Ирыстоны ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ республикӕйы ном аивыны фӕдыл референдум уагъд ӕрцӕудзысты 9 апрелы.