Президент ныфс æвæры стыр кадрон ивындзинæдтæй ног æмгъуыды

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæПрезидент Южной Осетии Леонид Тибилов
Президент Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Архайгæ президент фехъусын кодта журналисттæн, кæд æмæ йæ фæстæмæ равзарой, уæд хицауады структурæтæм хондзæн кусынмæ æвзонг профессионалты

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид ныфс бавӕрдта стыр кадрон ивындзинæдтæй, кæд æмæ йæ ногæй равзарой 9 апрелы, уӕд.

"Ӕз фидарæй дзурын, кæд Хуссар Иры адæм мæныл се ʻууæнк бафтауой, уæд ног ӕмгъуыдмӕ республикæ бахиздзæн ног командæимæ. Ивындзинæдтæ бандавдзысты районты, горæтты къухдариуӕгадтыл æмæ æндæр структурæтыл", — загъта Тыбылты Леонид Цхинвалы йæ пресс-конференцийы рæстæджы.

Уый бахахх кодта, кæд фæуæлахиз уа, уæд ӕрхондзæн хицауады структурæтæм æвзонг специалистты, кæцытæ райстой хорз ахуырад æмæ сты профессионалтæ.

Президент РФ В. Путин встретился с президентом Южной Осетии Л. Тибиловым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид Путинимæ фембæлды тыххæй: иннӕ фондз аз дӕр хъуамӕ ацӕуой "ахӕм здӕхӕны"

"Мах кусыдзыстæм ууыл, цæмæй нæ командæйы кусой ахæм специалисттæ, кæцытæ тырнынц республикæйы размæцыдмæ", — бафтыдта республикæйы хистæр.

Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстытæ æмæ референдум нысан æрцыдысты 9 апрельмæ. ЦӔК президенты бынатмæ кандидаттæй срегистраци кодта архайгæ президент Тыбылты Леониды, парламенты спикер Бибылты Анатолийы æмæ ПӔК кусæг Гаглойты Аланы.

Ног хабӕртты лентӕ
0