Тыбылты Леонид Путинимæ фембæлды тыххæй: иннӕ фондз аз дӕр хъуамӕ ацӕуой "ахӕм здӕхӕны"

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæПрезидент РФ В. Путин встретился с президентом Южной Осетии Л. Тибиловым
Президент РФ В. Путин встретился с президентом Южной Осетии Л. Тибиловым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон хъуамæ ауадза æвзæрстытæ сабыр уавæры, Мæскуы нывæнды "куыст кæимæ райдыдта, уыцы президентимæ йӕ адарддæр кæнын", фехъусын кодта Тыбылты Леонид

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид йæ пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы радзырдта журналисттæн Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ фембæлды фæстиуджыты тыххæй.

Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, Путин хорз зонгæ у Хуссар Ирыстоны уавæримæ, "æмæ йæ фæнды, цæмæй республикæйы фæстаг фондз азы цы сабыр уавæр уыд, уый дарддæр дæр уа ахæм".

"Ӕвзæрстыты фæдыл Путин банысан кодта, æхсызгон ын кæй уыд информаци исын Хуссар Ирыстоны стабилондзинады фæдыл. Уый загъта, æвзæрстытæм мах кæй хъуамæ бацæуæм сабар уавæры. Радон фондз азы дæр хъуамæ адарддæр уой ахæм ададжы. Иумæйаг куыст кæимæ райдыдта, уыцы президентимæ хъуамæ адарддæр уа. Ӕвзæрстытæ хъуамæ æрцæуой уагъд бæрзонд æмвæзадыл закæттæ бахъахъхъæнгæйæ", — загъта президент.

Уый ма банысан кодта, уæрæсейаг лидерæн кæй радзырдта, фæстаг фондз азы мидæг республикæйы арæзт кæй æрцыд 400 объектæй фылдæр, уыдоны æхсæн скъолатæ, хæдзæрттæ, фæндæгтæ æмæ æндæр социалон- нысаниуæгджын объекттæ.

Президент РФ В. Путин встретился с президентом Южной Осетии Л. Тибиловым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Путины зæрдæ загъта Тыбылты Леонидæн æнтыстытæ РХИ президенты æвзæрстыты размæ

"Арæзт æрцыд фæндаг Ленингор — Цхинвал. Ныртæккæ цæуы Цхинвал — Къуайсайы фæндаджы реконструкци, кæцы эксплуатацимæ хъуамæ лæвæрд æрцæуа 2018 азы. Ӕруынаффæ ма кодтам, цы мын нæ бантыст саразын мæ президентон æмгъуыды рæстæджы, ууыл дæр. Арæзт цæуынц республикæйы райрæзтæн 2018-2019 азтæн ног программæтæ, уыдоны нысан цæудзысты фарстытæ, кæцытæ реализаци цæудзысты ахæм фæдыздæхты", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, " программæйы фехæлдæн ис объективон аххосæгтæ", кæцытæ баст нæ уыдысты республикæйы сæргълæууæгимæ, фылдæр хатт сæ аххосаг уыд финансты цухдзинад.

"Мах адарддæр кæндзыстæм нæ куыст экономикæйы реалон секторы райрæзтыл дæр. Инвестицион агентад дарддæр дæр кусдзæн æххуысхъуаг амалиуæггæнджыты проекттыл. Инвестортæ хъуамæ цæуой нæ республикæмæ æмæ уыдоны хъуамæ йæхимæ æлваса республикæйы стабилон уавæр æмæ бизнес уадзынæн хæрзвадæттæ. Ног проекттæ сараздзысты уæлæмхас кусæгон бынæттæ нæ цæрджытæн", — загъта президент.

Тыбылты Леонид фехъусын кодта, фембæлды лæмбынæг дзырд кæй цыд архайгæ разыдзинады фæдыл документтæ уæлæмхас бадзырдтæй фæхъæздыгдæр кæнын фæдыл фарстытыл.

"Ӕз радзырдтон, кӕй ма нын баззыд ӕрмӕстдӕр ӕртӕ бадзырды, цӕмӕй Ӕмцӕдис ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырд ӕххӕстӕй реализаци ӕрцӕуа: хуссарирыстойнаг ӕфсӕддоны бахызт Уӕрӕсейы Гардзджын тыхтӕм, бадзырдтӕ иууылдӕр ныридӕгӕн сты цӕттӕ", — банысан кодта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.

КП раздзог Геннадий Зюганов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зюганов ныфс бавæрдта, кæй ахъаз кæндзæн РХИ æмæ УФ бастдзинæдтæ сфидардæр кæнынæн

Тыбылты Леонид бамбарын кодта, ӕдасдзинады фӕдыл уӕлӕмхас бадзырд кӕй рагхыгъд кӕны 150 хуссарирыстойнаг ӕфсӕддонты ахызт Уӕрӕсейы Гардзджын тыхты рӕнхъытӕм.

"Уыдон адарддӕр кӕндзысты сӕ службӕ республикӕйы территорийыл, фӕлӕ Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады 4-ӕм базӕйы сконды", — бахахх кодта президент.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цыдӕриддӕр уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕн уӕлбартӕ ис, уыдонӕй хайджын уыдзысты хуссарирыстойнаг службӕгӕнджытӕ дӕр, уый нымӕйы пенсион ифтонгад дӕр.

"Хъахъхъӕнынады министрады штатон структурӕ баззайдзӕн куыд уыд афтӕ", — бафтыдта президент.

Бадзырды фӕлгӕтты ма, банысан кодта Тыбылты Леонид, модернизацигонд ӕрцӕудзысты Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты материалон-техникон базӕ ӕмӕ гарзифтонгад.

Ног хабӕртты лентӕ
0