ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис ныммыхуыр кæндзæн 40 200 хъæлæскæнæн бюлеттены президентон æвзæрстыты тыххæй, фехъусын кодта Sputnik ЦӔК-ы секретарь Аулохты Кристина.
"Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстытæм мыхуыр æрцæудзæн 40 200 бюллетены. Бюллетенты ахæм нымæц ма бацæттæ кæндзысты республикæйы ном раивыны фæдыл референдумы хъæлæскæнынады тыххæй дæр", — загъта уый.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, абоны бонмæ республикæйы регистраци æрцыд 32 736 æвзарæджы.
"Номхыгъд нырма æлхынцъон нæу, регистраци кæныны фæдыл куыст нырма цæуы, фæлæ 24-æм марты онг зонæнтæм гæсгæ, махмæ регистрацигонд æрцыд 32 736 æвзарæджы", — бамбарын кодта Аулохты Кристина.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйæн æддейæ æвзарджыты нымæц нырма дырысæй бæлвырд нæу.
"Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ республикæйæн æддейæ æвзарæн фадгуытыл хъæлæс кæндзысты фактмæ гæсгæ. Ома æрбацæудзысты хуссарирыстойнаг паспорттимæ æвзарæн фадгуытæм", — бафтыдта уый.
ЦӔК-ы сæргълæууæг ма банысан кодта, президенттæм кандидатты нæмттæ бюллетены æвæрд кæй уыдзысты алфавитмæ гæсгæ.
"Законмæ гæсгæ, бюллетены кандидатты нæмттæ æвæрд цæуынц алфавитмæ гæсгæ, æмæ кандидатты мыггæгтæ хынцгæйæ, фыццаг номыры бын цæуы Бибылты Анатолий, дыккаг номыры бын — Гаглойты Алан æмæ æртыккаг номыр та Тыбылты Леонид", — загъта уый.
Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстытæ æмæ референдум нысан æрцыдысты 9 апрельмæ.