Хæххон-къахкъæлæттон туризм Хуссар Ирыстоны: баххуыс кæндзæн æрмæстдæр паддзахад

© Из личного архива Лери ТедееваГорный склон в Южной Осетии
Горный склон в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хæххон-къахкъæлæттон туризмы райрæзтыл æруынаффæ кодтой Sputnik пресс-центры

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik, Босыкты Наталья. Хæххон —къахкъæлæттон спортæн Хуссар Ирыстоны ис хорз экономикон перспективæтæ æмæ ахъаз уыдзæн республикæмæ туристтæ æрбахонынæн, фехъусын кодта фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæргълæууæг Зассеты Сергей Sputnik пресс-конференцийы рæстæджы.

Лери Тедеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Лери агуры Хуссар Иры къуылдымтӕ къахкъӕлӕттыл бырынӕн

Зассеты Сергей æмæ Хуссар Ирыстоны хæххон-къахкæлæтты спорты æмæ сноуборды Федерацийы сæргълæууæг Тедеты Лери радзырдтой журналисттæн хæххон-къакъæлæттон туризмы райрæзты перспективæтыл.

"Ацы спорты райрæзт фадат ратдзæн нæ бæстæйы экономикон райрæзтмæ хайбавæрд бахæссын, æмбæстæгты сифтонг кæнын сæ улæфт рæстæг активонæй æрвитыны фадатæй æмæ фæфылдæр кæнын туристты нымæц", — загъта комитеты сæргълæууæг.

Тедеты Лерийы ныхæстæм гæсгæ, федераци бирæ рæстæг агуырдта æмбæлон къуылдымтæ Хуссар Ирыстоны, цæмæй саразой трассæтæ активон улæфты табугæнджытæн. Дзауы районы Цъоны хъæу "иттæг хорз у хæххон-къахкъæлæттон туризмæн", — банысан кодта федерацийы сæргълæууæг.

"Мах равзæрстам бынат Цъоны цур. Географион бынат æй хицæн кæны ацы спорты хуызæн иттæг хорз климатон æмæ боныгъæдон уавæртæй, ис дзы гæнæн туристон базæ саразын, æнæмæнгхъæуæг коммуникацитæ йæм уагъд сты. Йæ уæлидзинæдтæй ма иу уый у æмæ дзы кæй фæзындзæн æмрæстæджы æртæ къуылдымы:æрыгон къахкъæлæттыл цæуджытæн, дæснытæн æмæ экстремалтæн", — загъта Тедеты Лери.

Комитет æмæ федерацийы сæргълæуджытæ иунæг проблемæйыл нымайынц финанскæнынады цухдзинад. Уымæн æмæ канатон фæндаг æмæ турбазæ саразын аслам нæ лæууынц.

Лери Тедеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры равзæрстой къахкъӕлӕттыл бырынӕн фыццаг курорты бынат

Зассеты Сергейы ныхæстæм гæсгæ, æххуыс бакæнын у æрмæстдæр республикæйы къухдариуæгады бон. Уымæ гæсгæ, уæрæсейаг коллегæтимæ иумæ (туристон бизнесы минæвæрттæ) райст æрцыд скъуыддзаг республикæйы туризмы райрæзты концепцийыл бакусын, кæцы ратдзæн фадат хæххон-къахкъæлæттон курорт саразыны проект 2018-2019 азты Инвестпрограммæмæ бахæссын.

"Уæрæсейаг коллегæтимæ иумæ мах федтам бынат, цы ран нывæндæм турбазæ саразын. Ацы азы кæронмæ мах бакусдзыстæм райрæзты концепцийыл, кæцы ратдзæн фадат хæххон-къахкъæлæтон курорты арæзтад инвестпрограммæмæ бахæссын", — банысан кодта уый.

Уымæй дарддæр ма, комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ацы проект ахъаз уыдзæн республикæйы хæххон-къахкъæлæттон спорты популяризацийæн æмæ фæсарæйнаг туристты æрбахонынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0