ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik, Босыкты Наталья. Суаруадзæн завод "Родник Осетии" Цхинвалы æрæвнæлдта "Осетинская"-йы маркæйы бын минералон доны рауагъдмæ. Бынæттон тæрхджытыл О,5 литры гуырахст æвгтæ фæзындзысты ацы апрелы.
Проект реализаци цæуы компаниты къорд "Владимирский стандарт"-ы хъæппæрисæй. Йæ реализацийы фадат фæзынд Хуссар Ирыстон æмæ Владимираг областы æхсæн бафыстгонд бадзырды фæрцы.
Компани-инвесторы минæвар Михаил Зиновьевы ныхæстæм гæсгæ, заводæн дон рæстæгмæ исынц Дзауы районы Згъубираг ратӕдзӕнӕй, æппæт æнæмæнгхъæуæг процедурæтæ рацæуыны фæстæ та компани сараздзæн документтæ сæрмагонд ратæдзæны фæдыл.
"Рæстæгмæ пайда кæнæм Згъубираг ратæдзæнæй. Мах æвзæрстам цыппар вариантæй, æппæт процедурæтæ рацæуыны фæстæ мах сараздзыстæм документтæ нæхи ратæдзæнæн", — загъта Зиновьев.
Уый банысан кодта, минералон доны фыццаг парти Уæрæсемæ кæй арвитдзысты апрелы кæрон.
Заводы цытджын æрбайгоммæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид, хицауады уæнгтæ æмæ компани "Владимирский стандарт"-ы вице-президент, амалиуæггæнæг Павел Антов.
Паддзахады сæргълæууæг загъта бузныг уæрæсейаг коллегæтæн бакæнгæ гъæдджын куысты тыххæй æмæ равдыста ныфс æнтыстджын æмгуыстадæй, кæцы ахъаз уыдзæн хуссарирыстойнаг суаруадзæн продукцийы экспортæн.
"Республикæйы территорийыл ног куыстуат æмæ кондады фæзынд дзурæг у Хуссар Ирыстоны размæцыдыл. Ацы проект реализацигонд æрцыд нæ ахастыты æмæ Уæрæсеимæ бафыстгонд бадзырдты фæрцы", — загъта Тыбылты Леонид.
Антовы ныхæстæм гæсгæ, Владимираг область адарддæр кæндзæн æмгуыстад Хуссар Ирыстонимæ, æввахс рæстæджы та компани нывæнды фæуæрæхдæр кæнын кондады гуырахст.
"Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады преференциты фæрцы мах райстам нырыккон куыстуат. Уæрæхдæр кæндзыстæм не ′мгуыстад Хуссар Ирыстонимæ, уæрæхдæр кæндзыстæм нæ продукцийы гуырахст. Ныртæккæ уах кондады хахх уадздзæн æртæ мин авджы сахаты мидæг, фæлæ йæ рæстæджы цыдимæ фæфылдæр кæндзыстæм фондз мины онг", — загъта амалиуæггæнæг.
Антов банысан кодта, фæстæдæр та завод кæй æрæвналдзæн лимонад æмæ æнæ газæй дон уадзынмæ.