ЦХИНВАЛ, 31 мар — Sputnik, Сабеты Алана. Хуссар Ирыстоны экономикон райрæзты министр Зæгъойты Вильям æмæ уæрæсейаг компани "Инновационные технологии"-йы проектты фæдыл директор Михаил Кожевников бафыстой Цхинвалы инвестицион бадзырд, кæцыйы аргъ у 1 миллиард сомы бæрц.
Компани сараздзæн Хуссар Ирыстоны бæрзондтехнологион металлы рацарæзтон завод. Инвестицион проекты нысан æрмæст заводы арæзтад нæу, фæлæ ма металлы бæрзондтехнологион рацарæзты къабазы райрæзт дæр.
Уый уыдзæн нырыккон инновацион кондад, кæцы йæ продукцийæ ифтонг кæндзæн уæрæсейаг базарад. Афтæ ма нывæнды басæттын ЕАЭЦ-ы бæстæты базарæдтæ дæр. Заводы арæзт æрцæудзæн 50 кусæгон бынаты. Йæ продукци йын зæрдиагæй агурдзысты алыгъуызон къабæзты.
Заводы проект рацыд æнæмæнгхъæуæг басгæрстытæ æмæ дзуапп дæтдзæн æмбæлон домæнтæн. Кожевников ныфс бавæрдта, Хуссар Ирыстоны экологийæн ацы кондад кæй ницы тас хæссы.
"Ницы цæлхдуртæ уынын проекты реализацийæн. Цалдæр мæйы æмгъуыдмæ республикæйы къухдариуæгад цы инвестицион климат сарæзта, уый нæ сразæнгард кодта завод ам саразын. Хуссар Ирыстоны фиддонты фæдыл закондæттынад фæзуаты равзæрсты ахъазыд ахсджиаг роль", — банысан кодта Кожевников.
Уый раргом кодта, Ирыстоны кæй уыд цалдæр азы размæ æмæ расдæр уæд уымæ фæзынд хъуыды, компанийы проекттæй иу кæй хъуамæ æрцæуа реализацигонд республикæйы. "Инновационные технологии"-йы къухдариуæгады хъуыдымæ гæсгæ, завод арæзт æрцæудзæн 2,5 азмæ, ис гæнæн æмæ æмгъуыдæй раздæр.
Михаил Кожевниковы ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн йæ куыст кæны кадрон аппарат, кæцы равзардзæн персонал. Кусджыты сахуыр кæныны тыххæй æрхондзысты фæсарæйнаг специалистты. Персонал сæйраджыдæр уыдзæн бынæттон кадртæй, кæцытæ хъуамæ дзуапп дæттой æмбæлон домæнтæн.
Зæгъойты Вильям ма бафтыдта, Хуссар Ирыстоны экономикон райрæзты министрад инвестагентадимæ иумæ æххуыс кæны равзарын фæзуат заводы арæзтадæн. Проекты реализацийы фæдыл финансон хæрдзтæ йæхимæ æнæхъæнæй райсдзæн компани "Инновационные технологии".
Фарсытæ раарфæ кодтой кæрæдзийæн бадзырд бафыссыны фæдыл æмæ равдыстой ныфс, кæй ссардтой æууæнкджын партнерты.