ЦХИНВАЛ, 3 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хууссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис сфидар кодта печаты хуыз, кæцы æвæрд цæудзæн схъæлæсгæнджыты паспортты, ацы хатт нысаны хуыз уыдзæн тымбыл, радзырдта Sputnik ЦӔК-ы секретарь Аулохты Кристина.
"Хъæлæс чи радта, уыцы æмбæстæгты паспортты цы печать æвæрд цæуа, уый уыдзæн тымбыл хъæлæскæнынады боны датæимæ — 09.04.2017. Йæ уæллаг фарс уыдзæн фыст "Референдум", бынæй та — "Выборы президента РЮО", — бамбарын кодта Аулохты Кристина.
Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты паспортты печаттæ æвæрын райдыдтой 2011 азы ноябры, кæцытæ фæстæдæр нымад нал æрцыдысты. ЦӔК-ы ахæм скъуыддзаг бамбарын кодтой, паспорты ахæм бæрæггæнæн кæй иуварс кæны иу хаттæй фылдæр схъæлæс кæныны фадат.
Аулохты Кристинайы ныхæстæм гæсгæ, æвзарæн фадгуытæ цæттæ сты хъæлæскæнынадмæ, Централон æвзарæн къамисы уæнгтæ уадзынц контролон басгæрсттæ исты проблемæтæ аиуварс кæныны нысанæн. Уый банысан кодта, фадгуыты кусджытæн лæвæрд кæй æрцыд æнæмæнгхъæуæг методикон рекомендацитæ, ныридæгæн фадгуыты æрцауыгътой æвзарджыты номхыгъдтæ.
"Кæцыфæнды æвзарæгæн дæр ис фадат æрбацæуын йæ фадыгмæ æмæ сбæлвырд кæнын, йæ ном æвзарджыты номхыгъды ис æви нæ. Кæд æмæ исты аххосæгтæм гæсгæ не ссардта йæхи æвзарджыты æхсæн, уæд уымæн йæ бон у бахатын курдиат æмæ документимæ, кæцы бæлвырд кæны йæ цæрæн бынат ацы фадыджы территорийыл, цæй фæстæ æвзарæджы йæхи цур хъуамæ бахæссой æвзарджыты номхыгъдмæ. Уый фæстæ адрестæм гæсгæ æвзарджытæм райдайдзысты хæссын хонæгтæ", — загъта ЦӔК-ы секретарь.
Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ æввахс хуыцаубоны — 9 апрелы хъуамæ равзарой президенты, афтæ ма равдисой сæ цæстæнгас республикæйы ном аивыны референдумы фарсты фæдыл. ЦӔК-ы банысан кодтой, хъæлæскæнынады бонмæ алцыдæр кæй у цæттæ.