ЦХИНВАЛ, 3 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстытæм сæ хъус дардзысты цæстдарджытæ Уæрæсе, ДАР, ЛАР, Хæххон Карабах, Днестргæрон республикӕ ӕмӕ Цæгат Ирыстонæй.
ЦӔК-ы секретарь Аулохты Кристина фехъусын кодта Sputnik, Централон æвзарæн къамис æвзæрстыты цæстдарджытæм кæй арвыста хонæгтæ, кæцытæй чидæртæ ныридæгæн бафидар кодтой сæ хайадист.
Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ ацы хуыцаубоны — 9 апрелы хъуамæ равзарой президенты, афтæ ма равдисой сæ цæстæнгас республикæйы ном аивыны референдумы фарсты фæдыл. ЦӔК-ы банысан кодтой, хъæлæскæнынады бонмæ алцыдæр кæй у цæттæ.
"Мах æнхъæлмæ кæсæм цæстдарджытæм Уæрæсе, ДАР, ЛАР, Хæххон Къарабах, Днестргæрон, Цæгат Ирыстонæй. Уымæй дарддæр ма цæстдарджытæм хонæгтæ сæ бон у арвитын президент, хицауад æмæ парламентæн", — банысан кодта уый.
Ӕвзæрстыты æмæ референдумы бон, куыд раздæры плебисциттау афтæ, Цхинвалы райдайдзæн кусын ЦӔК-ы пресс-центр, цы ранмæ 9 æмæ 10 апрелы цæудзæн хъæлæскæнынады фæдыл информаци.
Пресс-центр æрбайгом уыдзæн Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы бæстыхайы.