ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik, Годжысаты Анна. Цхинвалгæрон хъæдты уалдзæджы æрбалæудимæ сарæх сты зынгсирвӕзтты цаутæ. Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæры министр Санахъоты Сергей бамбарын кодта Sputnik, зынгирвæзтыты аххосаг фылдæр бæрцæй кӕй у, улӕфджытӕ сæ фæстæ цы æртытæ ныууадзынц ӕнæхуыстæй, уыдон. Ноджы ма иу аххосаг та у, бынæттон цæрджытæ кæрдæгыл арт куы бафтауынц, уæд уый хатгай расиды зынгирвæзт.
"Ацы рæстæг бирæтæ ссудзынц сæ бырон, кæцы æрæмбырд кæнынц сæ цæхæрæдæтты зымæджы фæстæ, науæд та кæлмыты сæ зæххы фадгуытæй фæсурыны нысанæн скæнынц æртытæ. Стæй сæ ныууадзынц æнæхъусдард", — загъта Сергей.
УУМ сӕргълӕууӕджы ныхæстæм гæсгæ, ведомствӕ æппæтæй дæр у ифтонг зынгирвæзтты ныхмæ тохæн.
"Абон уавæр у стабилон. Статистикæйыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд ивгъуыд азы ацы кварталы регистрацигонд æрцыд 220 зынгирвæзты цауы, ацы аз — 152. Уый у 30% къаддæр. Уый фылдæр бæрцæй у уагдоны сгуыхтдзинад, фæлæ нын æххуыс у боныгъæд дӕр", — банысан кодта министр.
Ведомствæйы цæстарды фадыджы хæдивæг Чечиты Азæмæты ныхæстæм гæсгæ, фылдæр бæрцæй зынгирвæзтытæ вæййынц Знауыры районы, горæт Цхинвалы æмæ горæтгæрон бынæтты. Зынгирвæзттӕ ма ‘руадзыны фæтк фехалыны ныхмæ санкцитæ та законы фыст не сты.