ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæварад йæ хъус дары не 'мзæххон, питераг метройы теракты зианбаййафæг Хаситы Виталийы æнæниздзинады уавæрмæ æмæ бахъуыды рæстæджы цæттæ у уымæн æнæмæнгхъæуæг æххуыс бакæнынмæ, фехъусын кодтой дипломатон уагдоны пресс-службæйы.
Хаситы Виталий у Хуссар Ирыстоны Къостайы хъæуæй (Цъунар) ацæугæ. Уый йæ бинонтимæ 20 азæй фылдæр цæры Санкт-Петербурджы. Виталий райста серьезон цæфтæ питераг метройы теракты рæстæджы æмæ госпитализацигонд æрцыд Мариинаг горæттаг рынчындонмæ.
"Хаситы Виталий, кæцы райста серьезон цæфтæ, ис рынчындоны реанимацион хайады. Рынчынимæ контакт у арæнæвæрд", — загътой минæварады æмæ банысан кодтой, дипломатон уагдоны кусджытæ кæй бабæрæг кодтой Виталийы рынчындоны.
"Минæварад йæ хъус дары зианбаййафæджы уавæры динамикæмæ æмæ ис иудадзыг контакты рынчындонимæ — бахъуыды рæстæджы минæварад цæттæ у бакæнын æнæмæнгхъæуæг æххуыс", — банысан кодта минæварады кусæг.
Къуырисæры, 14.30 мск сахатмæ æввахс петербургаг метройы "Сенная площадь" æмæ "Технологический институт-2" станцты æхсæн æрцыд срæмыгъд. Слестгæнæн комитет ацы фыдракæндæн саргъ кодта куыд теракт.