ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссарирыстойнаг æрыгон техникты станцы ахуыргæнинæгтæ балыгъдысты ног сцалцæггонд бæстыхаймæ, цы ран адарддæр кæндзысты алыгъуызон цымыдисон æрмæджытæ аразын.
Ӕрдæг азы размæ дæр ма станцы кусджытæ æмæ хъомылгæнинæгты сæйраг проблемæ уыд бæстыхайы æрдæгпырхытæ уавæр. Уый уыд кæлæддзаг æмæ йын бакондæуыд зиан 2008 азы августы хæстон архæйдтыты рæстæджы. Бæстыхай фæнд кодтой фехалын æмæ сæхгæнын, фæлæ коллективы бирæнымæц куырдиæтты æмæ хъæстыты фæстæ райстæуыд скъуыддзаг уый капиталон цалцæг скæнын.
Бæстыхайы кæрты æрæмбырд бирæ сывæллæттæ, кæцытæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты, мадзалы официалон хай кæд фæуыдзæн, цæмæй равдисой сæ ныййарджытæ æмæ æмгæрттæн сæ ног хатæнтæ, цы ран æрвитынц сæ рæстæг радио-конструиркæнынады, хъæдæрмæгыл аивнывкæнынады уæлхъус æмæ а. д.
Ӕдæппæт æрыгон техникты станцы ис 15 кружокы æмæ 280 ахуыргæнинаджы. Ахуыргæнæг Плиты Созыры ныхæстæм гæсгæ, цалцæггæнæн куыстыты рæстæгмæ сывæллæттæ æмæ коллектив нæ ныууагътой æрдæгпырхытæ бæстыхай æмæ адарддæр кодтой сæ ахуыр вазыгджын уавæрты.
"Кæд цалцæггæнæн куыстытæ адарддæр сты æрдæг азы, уæддæр ахуыргæнджытæ сæ хъомылгæнинæгтимæ куыст не ′рлæууын кодтой ацы бæстыхайы. Бахъуыды рæстæджы ахуыртæ уагътам столицæйы скъолаты. Ныр сывæллæттæн фадат ис æнцойвадат æмæ хорз уавæрты архайын", — загъта Плиты Созыр.
Мадзалы хайад райста президент Тыбылты Леонид дæр. Бæстыхай лæмбынæг басгæрсты æмæ ахуыргæнинæгтимæ ныхасы фæстæ паддзахады сæргълæууæг райгондæй баззад капиталон цалцæгæй æмæ йæ цæст бауарзта сывæллæттæн æнтыстытæ сæ архайды.