ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik. Цæгат Ирыстоны истори æмæ археологийы институты археологтæ æрæвнæлдтой ирвæзынгæнæн-археологон къæхтытæм Эльхоты дуæрттæм æввахс, фехъусын кодта Sputnik РЦИ-Аланийы истори æмæ археологийы институты быдырон иртæстты æмæ экспертизæты хайады гæс Назим Гиджрати.
Рагон ингæн ссардæуыд Эльхоты дуæртты цур Цæгат Ирыстоны, цы ран акци "Вахта памяти"-йы фæлгæтты ссардтой советон æфсæддонты бард буары хæйттæ.
"Эльхоты куыстыты рæстæджы ссардæуыд нæ эрæйы агъоммæ фыццæгæм æнусы хъобайнаг археологон культурæйы ингæн", — загъта Гиджрати.
Сарæггаджы тыххæй уый загъта, кæй у "хъобайнаг культурæйæн традицион коллективон ингæн дурæй асыччы".
"Ацы культурæйы æнгæс зæппадзтæ ныридæгæн зындгонд сты Хуссар Ирыстоны территорийы, Тлийы хъæуы æмæ бирæ æндæр бынæтты", — банысан кодта ахуыргонд.
Фылдæр зæгъæн, йæ ныхæстæм гæсгæ, нырма фадат нæй, бæлвырд зонæнтæ æмæ фиппаинæгтæ бæрæг уыдзысты æввахс рæстæджы.