ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik. Ӕхсæнадæмон олимпиаг комитет ацух кодта ирон богал Таймæзты Артуры Пекины олимпиаг хъæзтыты сыгъзæрин майданæй. Уый тыххæй информаци фæзынд æртыццæджы,
Ирон богал нывæнды комитеты уынаффæйыл бахъаст кæнын, уый тыххæй Таймæзы фырт ныффыста йæ аккаунты социалон хызæджы Facebook.
"Мæхицæн, афтæ ма мæ тыхтæ кæй уырныдтой, чи мыл мæт кодта, ме ′рвылбонон фыдæбон мын чи уыдта — уыдонæн æз æнустæм баззайдзæн æртæ хатты олимпиаг чемпионæй. Мæ бинонтæ, хиуæттæ æмæ хæстæджытæ цардысты мæ уæлахизтæй, уый та мæнæн дæтта тыхтæ æмæ ахъаз уыд мæ дарддæры архайдæн. Ӕмæ æз æртыккаг майданмæ куы цыдтæн, уæд зыдтон æмæ æнкъардтон, мæнæн æппæт Ирыстон кæй кувы. Ӕмæ мæ адæмы æххуысы фæрцы мæнæн мæ къухты бафтыд æнтыст. Махмæ Ирыстоны хъæбысхæст уæлдай уарзтæй уарзынц æмæ йæ чи зоны, æз цы бавзæрстон майдантæм фæндагыл, уыдонæн алцыдæр у æмбæрстгонд æмæ зындгонд", — загъта уый.
Таймæзты Артур ма загъта бузныг, чи йыл мæт кодта æмæ чи нæ фесæфта ныфс йæ сыгъдæг номæй, æппæт уыцы адæмæн.
ӔОК ма ацух кодта æвзист майданæй ирон уæззау атлеткæ Цæрукъаты Светланæйы.