ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны финансты министрад æруынаффæ кæндзæн йæ уæрæсейаг коллегæтимæ республикæйы ноджы иу мин æмбæстагæн сывæллæтты фиддонтæ раттыны фадатыл, фехъусын кодта Sputnik республикæйы финансты министр Хæбæлаты Аза.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, дзырд цæуы уыцы æмбæстæгтыл, кæцытæ ацы фиддонтæ нæ райстой ивгъуыд азы кæрон — ацы азы райдианы, уымæн æмæ рæстæгыл нæ бадæттой сæ документтæ социалон ифтонгады органтæм.
16 азы кары онг сывæллæтты ныййарджытæ, кæцытæ лæууыдысты Хуссар Ирыстоны социалон ифтонгады хайады номхыгъдты 2016 азы 30 ноябры онг, райстой иурæстæгон фиддонтæ фæйнæ æхсæз мин сомы иу сывæллонæн дыууæ этапæй. Уыдонæй æртæ мин уыдон райстой ивгъуыд азы кæрон, аннæ æмбис та сын лæвæрд æрцыд 2017 азы марты. Ацы сывæллæтты нымæц разынд 6427. 2016 азы 1 декабрæй чи бадæтта йæ документтæ социалон ифтонгады органтæм, уыдон нал бахаудысты ацы фиддонтæм. Фæлæ республикæйы хицæуттæ фидарæй загътой, кæй ссардзысты фæрæзтæ ацы фиддонтæ раттынæн хисæрмагонд æфтиæгтæй.
Хæбæлаты Азайы ныхæстæм гæсгæ, 2016 азы 30 ноябры фæстæ иурæстæгон фиддонтæ райсыны фæдыл сæ документтæ цы ныййарджытæ бадæттой, уыдон нымæц у иу минмæ æввахс.
"Ныртæккæ хицауадæн нæй фадат 2016 азы 30 ноябры фæстæ йæ документтæ чи бадæтта, уыдонæн иурæстæгон фиддонтæ бафидын. Уыдон та сты иу минмæ æввахс æмбæстаджы. Ацы фарст мах рахæсдзыстæм æхсæнхицауадон къамисмæ", — загъта Хæбæлаты Аза.
Уый бамбарын кодта, фиддонтæ радихгонд кæй æрцыдысты 2016 азы 30 ноябры онг арæзт номхыгъдтæм гæсгæ, уымæ гæсгæ, фæстæдæр чи бадæтта йæ документтæ, уыдонæн фиддонтæ бафидыны фарст домы консультацитæ уæрæсейаг коллегæтимæ.