Куыстмызд фӕфылдӕр кӕныны ӕмӕ иурӕстӕгон фиддӕнты тыххӕй

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæМонеты России
Монеты России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цавӕр конкретон категоритӕн ӕмӕ цас бафиддзысты, уый тыххӕй радзырдтой вице-премьер Пухаты Эрик, финансты министр Хӕбӕлаты Азӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Григорий Кулиджанов ӕмӕ Пенсион фонды сӕргълӕууӕг Тасойты Азӕ.

ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны бюджетон организациты кусджытӕн сӕ куыстмызд фӕфылдӕр кӕндзысты 23 проценты онг, фехъусын кодта пресс-конференцийы рӕстӕджы республикӕйы финансты министр Хӕбӕлаты Азӕ.

Здание МВД РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры милицийы кусджыты мызд ӕрбалæугæ азы фœфылдœр уыдзœн 20%

Аннӕ уагдӕттӕ (хӕдзарадон — бахыгъдонтӕй дарддӕр), хуссарирыстойнаг пенсиисджытӕ ӕмӕ 16 азы онг сывӕллӕттӕ райсдзысты иурӕстӕгон фиддӕнтӕ. Хуссар Ирыстоны вице-премьер Пухаты Эрикы ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕцы хайад иста пресс-конференцийы, "куыстмыздты фӕфылдӕр кӕнын ӕмӕ иурӕстӕгон фиддӕнтӕ фыст цӕудзысты Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырды фӕлгӕтты ӕмӕ цӕрджыты социалон хъахъхъӕнынад сифтонг кӕныны нысанӕн".

Фиддӕнтӕ пенсиисджытӕн

"Хуссар Ирыстоны цы пенсиисджытӕ сты регистраци ӕмӕ бынӕттон пенситӕ чи исы, уыдон райсдзысты иурӕстӕгон фиддӕнтӕ 10 мин сомы бӕрц дыууӕ этапӕй — фӕйнӕ фондз минтӕ. Ацы суммӕйӕн йе ‘мбис райсдзысты декабры кӕрон. Аннӕ фондз мин та 2017 азы марты онг. Минималон пенсийы бӕрц махмӕ у 2900 сомы. Исынц ӕй 4200 ӕмбӕстаджы. Пенситӕ та ма ӕмбӕлынц хӕдзардарӕг куы фесӕфы ӕмӕ куысты стаж цы ӕмбӕстӕгтӕн нӕй, уыдонмӕ. Астӕуккаг пенсийы бӕрц у 6200 сомы", — радзырдта Тасойты Азӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, УФ ӕмбӕстӕгты пенситӕ, кӕцытӕ цӕрынц Хуссар Ирыстоны ӕмӕ сын нӕй Цӕгат Ирыстоны регистраци, фӕлӕ чи исы пенситӕ Алагираг пенсион фонды уылты, фӕфылдӕр уыдзысты 18 проценты бӕрц 2017 азы 1 январӕй.

Куыстмыздты фӕфылдӕр

Контрактон службæгæнджытæн фиддзысты мызд сæ куыстæй ацыды фæстæ ноджы иу аз

Дохтырты, ахуыргӕнджыты, сабидӕтты хъомылгӕнджыты, дзыллон-массон информацийы фӕрӕзты ӕмӕ культурӕйы кусджыты кустмыздтӕ, финансты министры ныхӕстӕм гӕсгӕ фӕфылдӕр уыдзысты 23 проценты онг.

"Уӕлӕмхас фиддӕнты фӕлхыгъд уагъд ӕрцӕудзӕн 2016 азы 1 январӕй", — загъта уый.

Фиддӕнтӕ паддзахадон ӕмӕ тыхон структурӕты кусджытӕн

Тыхон ӕмӕ паддзахадон уагдӕтты кусджытыл нӕ бандавдзӕн куыстмыздты фӕфылдӕр, уымӕ гӕсгӕ уыдон райсдзысты иурӕстӕгон фиддӕнтӕ.

"Паддзахадон уагдӕтты кусджытӕн бафиддзысты иурӕстӕгон фиддӕнтӕ 35 мин сомы бӕрц, тыхон структурӕты кусджытӕн та ацы суммӕ у 47 мин 700 сомы. Ацы сыммӕйӕ ист ӕрцӕудзӕн хъалон ӕмӕ фыст ӕрцӕудзӕн дыууӕ этапӕй — иу хай декабры кӕрон. Аннӕ хай та 2017 азы марты онг", — загъта Пухаты Эрик.

Сывӕллӕттӕн фиддӕнтӕ

Республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министр Григорий Кулиджанов радзырдта, 16 азы кары онг сывӕллӕттӕ, кӕцытӕ сты социалон ифтонгады органты номхыгъдты 2016 азы 30 ноябры онг, райсдзысты иурӕстӕгон фиддӕнтӕ фӕйнӕ ӕхсӕз мин сомы. Ахӕм сывӕллӕтты хыгъдты, Кулиджановы ныхӕстӕм гӕсгӕ, разынд 6 мин 426 сывӕллоны.

Аннӕ фиддонтау, уыдондӕр лӕвӕрд ӕрцӕудзысты дыууӕ этапӕй.

Сывӕллӕтты фиддӕнты тыххӕй йӕ документтӕ собесмӕ 2016 азы 1 декабрӕй чи бадӕтта, уыдон та иурӕстӕгон фиддӕнтӕ райсдзысты 2017 азы марты.

Афтӕ ма иурӕстӕгон фиддӕнтӕ не ‘мбӕлынц ӕмбӕстӕгты ахӕм категоритӕм, кӕцытӕ исынц сывӕллӕтты фиддӕнтӕ Уӕрӕсейы Федерацийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0