ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik, Хъотайты Мария. Цхинвалы æрбайгом уыдзæн Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы информацион центр республикæйы президенты æвзæрстыты æмæ референдум ауадзыны фæдыл, радзырдта журналисттæн Централон æвзарæн къамисы сæргълæууæг Плиты Белла.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, информацион центр æрбайгом уыдзæн хъæлæскæнынады бон райсомæй, 9 апрелы æмæ балхынцъ кæндзæн йæ куыст 10 апрелы.
"Информацион пресс-центр æрбынат кæндзæн Анахарсисы номыл горæты библиотекæйы бæстыхайы фыццæгæм уæладзыгыл. Централон æвзарæн къамис балхæдта уæлæмхас ифтонггарз информацион центры æххæст комплектацийæн", — загъта Плиты Белла.
Информацион центры зонгæ кæндзысты æвзарæн фадгуытæй бæрæггæнæнтæ, ам ма уагъд цæуыдзысты æхсæнадæмон цæстдарджыты брифингтæ.
Фадыгон къамистæй хъæлæскæнынады фæдыл бæрæггæнæнтæ лæвæрд цæудзысты территориалон къамисмæ, уырдыгæй æппæт информаци цæудзæн ЦӔК æмæ информацион центрмæ.
"Информацион центр йæ куыст адарддæр кæндзæн 10 апрелы онг, цалынмæ хъæлæскæнынады развæлгъау хатдзæгтæ нæ банымайой, уæдмæ", — загъта Плиты Белла.
Хуссар Ирыстоны хъæлæскæнынадмæ сæ хъус дардзысты цæстдарджытæ Уæрæсе, ДАР, ЛАР, Хæххон Карабах, Днестргæрон республикӕ ӕмӕ Цæгат Ирыстонæй.