ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытæ райстой службæ хæссыны методты фæдыл конкретон инструкцитæ, уыдонмæ æрсидтысты райсын алы мадзал дæр провокацитæ, агитаци æмæ æвзарджыты балхæд ма руадзыны нысанæн.
МХМ-ы уагъд æрцыд оперативон æмбырд, цы ран ведомствӕйы æппæт службæты сæргълæуджытæ æруынаффæ кодтой президенты æвзæрстыты æмæ референдумы боны æвзарæн фадгуытæ æмæ æхсæнадон уагæвæрд бахъахъхъæныны фæдыл мадзæлттыл.
"Къухдариуæггæнджытæ иууылдæр райстой дырыс инструкцитæ æвзæрстты бон службæ хæссыны фæдыл — райсын алы мадзал дæр провокацитæ, дестабилизаци, æмбæстæгты агитаци, æвзарджыты балхæд æмæ а. д. ма руадзыны нысанæн", — загътой МХМ-ы пресс-службæйы.
Уæлдай хъусдард милицийы кусджытæ, уый нымæцы инженерон æмæ кинологон службæтæ аздахдзысты террористон акттæ æмæ диверситæ ма руадзынмæ.
Уагдæтты кусджытæм æрсидтысты, цæмæй æппæт тыхтæ аздахой æхсæнадон, фæндагон змæлды æдасдзинад бахъахъхъæнынмӕ æмæ сифтонг кæной иудадзыг контроль оперативон уавæрыл фæтыхджындæргонд режимы службæ хæссыны периодмæ.
Уымæй дарддæр ма æмбырды хайадисджытæ æруынаффæ кодтой мобилон къордты æмæ дæлхайæдты оперативон архæйдтыл, кæд æмæ оперативон уавæр фæкарздæр уа, уӕд.
Амæй размæ МХМ-ы пресс-службæйы Sputnik фехъусын кодтой, 6 апрелæй уагдоны хисæрмагонд сконд кæй рахыст службæ хæссыны фæтыхджындæргонд режиммæ.
Барадхъахъхъæнæг органты куысты ахæм режим адарддæр уыдзæн сæрмагонд бардзырды онг.