Чеснаков: уавæр куыд фæнды ма ива, уæддæр Кокойты Эдуардæн нæй политикон фидæн

© Sputnik / Наталья АйриянЭдуард Кокойты
Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нæдæр Бибылты Анатолий, кæцыйы фарс хæцы ныр Кокойты Эдуард, нæдæр Тыбылты Леонид сарæзтой къахдзæф Кокойты Эдуардимæ бадзырд саразынмæ, у æнæдызæрдыг эксперт

ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны экс-президент Кокойты Эдуардæн нæ бантыст иу кандидатимæ дæр бадзурын æмæ йын нæй политикон фидæн Хуссар Ирыстоны, нымайы Политикон конъюнктурæйы центры директор Алексей Чеснаков.

Кокойты Эдуарды æрдыгæй Хуссар Ирыстоны президенты бынатмæ кандидат Бибылты Анатолийы фарсмæ æнæнхъæлæджы балæуд, Чеснаковы хъуыдымæ гæсгæ, дзурæг у ууыл, æмæ афтæмæй экс-президент кæй дæтты сигнал УФ президенты администрацимæ йæ лоялондзинады тыххæй, кæцыимæ Бибылты Анатолийæн ис конструктивон кусæгон ахастытæ.

"УФ президенты æххуысгæнæг Владислав Сурковы æмæ УФ президенты администрацийы æндæр кусджыты ныхмæ эмоционалон ныхæстæ æруадзгæйæ, Кокойты Эдуард бамбæрста, кæй фæтагъд кодта, æмæ ныр фæлвары Мæскуыйæн райсинаг кандидаттæй иуы "генералон хаххы хи батъыссын ", —банысан кодта Чеснаков йæ комментарийы Sputnik.

Эксперт у æнæдызæрдыг, ома фарс балæууыны тыххæй Кокойты Эдуард кæй æркуырдта йæхицæн æмæ йе ′мгæрттæн бынæттæ Хуссар Ирыстоны хицауады, уыцы дам-думтæ сты æнæбындур.

Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент: Кокойты Эдуарды архæйдтытæ сты æнæруадзгæ УФ-имæ бæрзонд ахастыты фоныл

"Бибылты Анатолий зоны, Мæскуы кæй сараздзæн æппæтдæр, цæмæй Кокойты Эдурд æмæ йе ′мбæлтты ма бауадзой хицауады структурæтæм,  нæдæр ныртæккæ, нæдæр фæстæдæр, уымæн æмæ хорз хъуыды кæны экс-президенты режимы рæстæджы ныппаплойгонд фæрæзтæ æмæ йæ æнахуыр уагахаст 2008 азы хæсты рæстæджы. Кæд æмæ Бибылты Анатолийы алыварс адæмæй исчи исты ныфс бавæрдта Эдуард Джабейы фыртæн, уæд ын сæххæст кæнын нæ бантысдзæн", — банысан кодта Чеснаков.

Политолог равдыста ныфс, Леонид Харитоны фырт дæр кæй нæ арæзта ницæй бадзырдтæ Кокойты Эдуардимæ æмæ йæ фæуæлахизы рæстæджы экс-президенты фарсхæцджытæ æппындæр ницы бынæттæ бацахсдзысты.

"Уымæ гæсгæ, уавæр куыд фæнды ма ива, уæддæр Кокойты Эдуардæн нæй политикон фидæн", — балхынцъ кодта Чеснаков.

Ног хабӕртты лентӕ
0