Думæйӕ цæстдарджытæ радзырдтой президентæн сæ тæлмæнты тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянВыборы
Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент фембæлд УФ Паддзахадон Думæйæ цæстдарджытимæ, кæцытæ йын радзырдтой сæ тæлмæнты тыххӕй хъæлæсæппæрсты фæдыл

ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik, Босыкты Наталья. Цӕгат Ирыстоны фадгуытыл ююллетенты хъуагдзинады фæдыл сæвзæргæ уавæр хъæуы аскъуыддзаг кæнын, фехъусын кодтаУФ ПД депутат Тайсайты Хъазбег.

Хуыцаубоны паддзахады сæргълæууæг фембæлд цæстдарджытимæ.

Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы ЦӔК-ы цӕстдарджытӕ нӕ рафӕлгъаудтой фӕткхалӕн цаутӕ

"Ӕвзарæн фадгуыты нымæц кӕй фæкъаддæр кодтой, уый тынг тыхсын кæны цæрджыты. Уый аххосагæй æмбæстæгтæн схъæлæс кæныны фадат нæй. Бацархайдзыстæм ацы проблемӕ аиуварс кæнын", — загъта депутат.

Тыбылты Леонид бузныг загъта цæстдарджытæн æвзæрстыты рæстæджы сæ куысты тыххæй.

УФ ПД депутат Николай Говорин банысан кодта, æвзарæн фадгуытыл фæткахлды цаутыл кӕй нæ фембæлдысты.

"Хъæлæсæппæрст цæуы æмбæлон уагыл, республикæйы закондæттынады домæнтæм гæсгæ. Ныфс нæ ис, æппæт дæр кæй ацæудзæн сабырӕй", — загъта Николай Говорин.

Ӕвзæрстытæм сæ хъус дарынц 80 æхсæнадæмон цæстдарæджы Уæрæсейæ, Днестргæрон республикæйæ, Хæххон Карабах, Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0