Хуссар Иры хъæлæскæнынад кæронмæ бахæццæ

© Sputnik / Наталья АйриянВыборы
Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъæлæскæнынад æрæхгæдтой растдæр 8 сахатыл, æвзарæн къамистæ æрæвнæлдтой хъæлæстæ нымайынмæ

ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстыты фæдыл хъæлæскæнынады фадгуытæ æрцыдысты æхгæд.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ ацы хуыцаубоны сæ хъæлæстæ радтой республикæйы ног президентæн, афтæ ма загътой РХИ ном раивыны фæдыл сæ хъуыды референдумыл.

Хъæлæскæнынад уыд активон, æвзарджыты æрбацыд 16 сахатмæ уыд 69 проценты.

Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры схъæлæс кодта æвзарджыты 69,95%

Президентон æвзæрстытæ æмæ республикæйы ном раивыны фæдыл референдум уагъд цæуынц 77 æвзарæн фадыджы. Уыдонæй 72 æрбайгом Хуссар Ирыстоны территорийыл, æртæ — Цæгат Ирыстоны, фæйнæ иу та — Мæскуы æмæ Сухумы минæварадты.

Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр постмӕ тырнынц ӕртӕ кандидаты — архайгӕ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий ӕмӕ ПӔК-ы кусӕг Гаглойты Алан.

Ӕвзæрстытæм сæ хъус дарынц 80 æхсæнадæмон цæстдарæджы Уæрæсейæ, Днестргæрон республикæйæ, Хæххон Карабах, Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0