ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ном Паддзахад Аланимæ раивынæн схъæлæс кодтой республикæйы 78% цæрджытæ, кæцытæн ис хъæлæсы бар, загъта Централон æвзарæн къамисы сæргълæууæг Плиты Белла.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ном раивыны ныхмæ схъæлæс кодтой 20%.
Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты президенты æвзæрстытæ æмæ республикæйы ном Паддзахад Аланимæ раивыны фæдыл референдум.
Ӕмбстæгтæн банхъардтой схъæлæс кæнын РХИ Конституцийы фыццаг статьяйы фыццаг пунктæн ахæм редакцийы бын: "Республикæ Хуссар Ирыстон — Паддзахад Алани — хæдбар демократон барадон бæстæ, кæцы арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы фæндмæ гæсгæ. Нæмттæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Паддзахад Алани сты æмсæрнысаниуæгджын".
"Республикæ Хуссар Ирыстоны референдумы" фæдыл конституцион законмæ гæсгæ, плебисцит нымад цæуы æвзарджыты æмбисæй фылдæры æрбацыды рæстæджы. Уынаффæ ист æрцæудзæн, кæд æмæ уымæн сæ хъæлæстæ радтой æвзарджыты æмбисæй фылдæр. Уый йæ тыхы бацæудзæн ЦӔК-ы официалон ныммыхуыры фæстæ æмæ йæ нал хъæуы уæлæмхасæй фидар кæнын.