ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik, Сабеты Алана. Петербургаг метройы срæмыгъды рæстæджы зианбаййафæг Хаситы Виталий цæуы реабилитаци Санкт-Петербурджы рынчындоны. Йæ уавæр бæрæг фæхуыздæр, кæд йæхи лæмæгъ хаты æмæ йæ сæр чысыл разилы, уæддæр.
"Хуыцауы фæрцы, йæ уавæр хуыздæр у. Ацы къуыри йæ æвæццæгæн рафысдзысты. Фыццаг бонтæй фæстæмæ тырны хæдзармæ ацæуын. Ныртæккæ нырма йæ сæр чысыл зилы æм йæхи æнкъары лæмæгъ. Фыццаг бонты йæм цæст кæсын дæр нæ уарзта", — загъта Sputnik Виталийы æмкъай Хаситы Инга.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, тас йæ уæнгтæй нырма нæ ацыд. Виталиимæ кусынц психологтæ, йæ ныхмæдзырдтæм æнæкæсгæйæ.
Инга банысан кодта, йæ цардæмбалы йын кæй бæрæг кæнынц æрмæст æхсæнадон организацитæй волонтертæ нæ, фæлæ ма бирæнымæц хуымæтæг адæм. Уыдон хæссынц дыргътæ, адджинæгтæ.
"Виталимæ æрбацыд иу ацæргæ сылгоймаг. Æрбахаста къаффеттæ, адджинæгтæ. Уый уыд тынг зæрдæмæхъаргæ æмæ æхсызгон", — бафтыдта сылгоймаг.
Ингайы ныхæстæм гæсгæ, Виталийы æмзæххонтæ Ирыстонæй дæр бабæрæг кодтой Виталийы. Чидæр ын бакодта чысыл финансон æххуыс дæр.
3 апрелы, 14.30 мск сахатмæ æввахс петербургаг метройы "Сенная площадь" æмæ "Технологический институт-2" станцты æхсæн æрцыд срæмыгъд. Слестгæнæн комитет ацы фыдракæндæн саргъ кодта куыд теракт.