ДМР-йы президент Красносельский раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн æвзæрстыты уæлахизы цытæн

© Sputnik / Сергей Мамонтов /  Ахизын медиабанкмæПрезидент ПМР Вадим Красносельский.
Президент ПМР Вадим Красносельский. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президенты бынатмæ равзæрсты фæдыл арфæйы телтæ дарддæр дæр цæуынц Бибылты Анатолийы адресыл, ныридæгæн ын раарфæ кодтой УФ президент Владимир Путин, Абхазы президент Рауль Хаджимба

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Днестргæрон Молдаваг республикæйы президент Вадим Красносельский раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн Хуссар Ирыстоны президенты бынатмæ равзæрстыты тыххæй.

Президент Абхазии Рауль Хаджимба. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хаджимбайы цæст Бибылты Анатолийæн бауарзта æнтыстытæ президенты бынаты

Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны уагъд цыдысты президентон ӕвзæрстытӕ æмæ республикæйы ном Паддзахад Аланимæ раивыны фæдыл референдум. Хуссар Ирыстоны

ЦӔК-ы развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ хъæлæсты 57,9 процентимӕ фæуæлахиз Бибылты Анатолий.

"Дæргъвæтин æзты дæргъы Ды, цытджын Анатолий Ильяйы фырт, удуæлдай куыст кæныс ирон адæмы хæрзиуæгæн. Алы æмæ алы бынæтты дæ архайдæй Ды бахастай стыр хайбавæрд Хуссар Ирыстоны суверенитет сфидар кæныны хъуыддагмæ", — банысан кодта Красносельский.

Днестргæройнаг президент банысан кодта, Хуссар Ирыстоны адæмы цы равзæрст сарæзтой, уый кæй у Райгуырæн бæстæйæн лæггады иууыл бæрзонддæр аргълæвæрд.

Ног хабӕртты лентӕ
0