Ног президент йæ бынатмæ бахизыны фæстæ расиддзæн амнисти

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæСледственный изолятор
Следственный изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амнисти нæ бандавдзæн, уæззау фыдракæндты тыххæй чи бады ахæстоны, уыдоныл, банысан кодта равзæрстгонд президент

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ног президенты равзæрстимæ республикæйы расидт æрцæудзæн амнисти, загъта эксклюзивон интервьюйы Sputnik Бибылты Анатолий, кæцы фæуæлахиз президентон æвзæрстыты.

Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: мæ командæ арæзт уыдзæн бынæттон профессионалтæй

"Президенты равзæрстимæ хъуамæ уа амнисти, фæлæ уый нæ бандавдзæн уæззау фыдракæндтæ саразджытыл", — загъта уый.

Бибылты Анатолий банысан кодта, фарст скъуыддзаг кæй цæудзæн парламент, тæрхондон æмæ генералон прокуратурæимæ.

Фæстаг хатт амнисти республикæйы расидт æрцыд 2015 азы, Стыр Фыдыбæстæйон Хæсты фæуæлахизыл 70 азы сæххæсты цытæн. Уæд амнистийы бын бахаудысты 10 адæймаджы.

Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны ацыдысты президентон æвзæрстытæ, цы ран, ЦӔК-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 54, 8 процентимæ фæуæлахиз Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0