Бибылты Анатолий: журналисттӕ хъуамӕ ӕвдисой адӕмы цард куыд у афтӕ

Рафыссын
Мæн фæнды, цæмæй журналисттæ æвдисой, цы негатив нæм ис, уый иууылдæр, банысан кодта Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Дзыллон информацийы фӕрӕзты минӕвӕрттӕ хъуамӕ ӕвдисой адӕмы цард, куыд у, афтӕ, цы негатив дзы ис, уый иууылдӕр, загъта Sputnik йӕ эксклюзивон интервьюйы Хуссар Ирыстоны ног равзӕрстгонд президент Бибылты Анатолий.

Йæ нымадмæ гæсгæ, мыхуыры фæрæзты æнæхъулон позицийæн ис фылдæр æмæ реалондӕр ахадындзинад командон къухдариуæгадимæ абаргæйæ.

"Мæн фæнды, цæмæй журналисттæ æвдисой, цы негатив нæм ис, уый иууылдæр. Мах уый куы уынæм, уæд архайæм. Ӕмæ уыцы рæстæджы дзыллон информацийы фæрæзтæ уыдзысты тыхджындæр æххуысгæнджытæ", — загъта ног президент.

Бибылты Анатолий ма банысан кодта, бынтон райгонд кӕй нӕу республикӕйы дзыллон информацийы фæрæзты куыстӕй.

Следственный изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног президент йæ бынатмæ бахизыны фæстæ расиддзæн амнисти

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хорз хъуыды кӕны, парламентон программæтыл тобæ æвæрд куы уыд, парламенты спикер та куы уыд иуварсгонд, цæмæй йæ искуы равдисой. Уый дӕнцӕгӕн ӕрхаста Sputnik Хуссар Ирыстоны позици ахӕм фарстыты ӕмӕ йын раппӕлыд йӕ девизӕй дӕр —"Дзурæм æргомæй, иннæтæ цæй кой нæ кæнынц".

"Ӕз бузныг зæгъын Sputnik Хуссар Ирыстонæн йæ æнæхъулондзинады тыххæй. Агентад æмхуызонæй фыста хицауады алы къабазы архайд дæр. Ӕмбарын ӕй, куыд зын уын уыд, фæлæ республикæйы цард æвдисут, куыд у, афтæ. Уæ девиз хъуамæ суа аннæ дзыллон информациты девиз дæр", — бахахх кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0