Тыбылты Леонид раарфæ кодта ног президентæн æвзæрстыты фæуæлахизы фæдыл

© Пресс-служба президентаЛеонид Тибилов и Анатолий Бибилов
Леонид Тибилов и Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны ацыдысты президентон æвзæрстытæ, цы ран, ЦӔК-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 54,8 процентимæ фæуæлахиз Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik. Архайгæ президент Тыбылты Леонид фембæлд равзæрстгонд президент Бибылты Анатолийимæ, цæмæй йын раарфæ кæна æвзæрстыты фæуæлахизы фæдыл.

Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид: уый у адæмы равзæрст

"Абон мыхуыр æрцыд ЦӔК-ы фæстиуæгон протокол Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстыты фæдыл, кæцымæ гæсгæ Ды амæй фæстæмæ фондз азы уыдзæ Хуссар Ирыстоны президент. Бар мын радт, цæмæй Дын раарфæ кæнон фæуæлахизы фæдыл, æвзарджытæн та "бузныг" зæгъын хъæлæскæнынады активон хайадисты тыххæй", — загъта Тыбылты Леонид.

Йæ цæст Бибылты Анатолийæн бауарзта æнæниздзинад æмæ хицауадмæ цы нывæзттимæ æрбацыд, уыдоны реализаци.

"Дæу президентæй кæй равзæрстой, уый нысан кæны, адæмы кæй фæнды кусын ног президент æмæ ног командæимæ", — бафтыдта архайгæ президент.

Бибылты Анатолий загъта бузныг йæ арфæйы тыххæй æмæ банысан кодта, цæрджыты активон хайадист ацæугæ æвзæрстыты.

Президент Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид загъта бузныг йæ фарсхæцджытæн

"Бузныг Дын Дæ принципиалон позицийы тыххæй æвзæрстыты. Раздæр цы арæзт цыд, уый бындурыл мах адарддæр кæндзыстæм нæ куыст, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæмы цард фæхуыздæр уа. Ныфс мæ ис, иумæ кæй адарддæр кæндзыстæм нæ куыст, мах бахъæудзæн Дæ фæлтæрддзинад", — загъта Бибылты Анатолий.

Уый ма загъта бузныг Централон æвзарæн къамис æвзæрстыты организацийы фæдыл бакæнгæ куысты тыххæй.

Хуссар Ирыстоны ног президенты инугураци уагъд æрцæудзæн 22 апрелы. Фыццаг хатт цытджын мадзал ацæудзæн республикон стадионы.

Ног хабӕртты лентӕ
0