"Цкъайы фырты хъуыддаг": полицийы кусджытæн рахастой æлхынцъон азым

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæСледственный изолятор
Следственный изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕлхынцъон скъуыддзаг рахастæуыд полицийы аст адæймагæн: Дзæуджыхъæуы уголовон агуырды хайады гæс æмæ авд кусæгæн

ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik. Цæгат Ирыстоны полицийы кусджытæй астæн рахастæуыд æлхынцъон тæрхон Дзæуджыхъæуы цæрæг Цкъаты Владимиры амæлæты хъуыддаджы фæдыл, кæцы амард, 2015 азы йæ полицийы горæттаг хайадмæ куы бакодтой, уый фæстæ, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны СК слестгæнæн управлени.

Родственники полицейских, задержанных по делу Цкаева у здания суда - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цкъайы фырты хъуыддаг алӕвӕрдтой тӕрхондонмӕ

Фӕдагуырды версимӕ гӕсгӕ, 2015 азы 31 октябры 13:47 сахатыл Дзæуджыхъæуы полицийы хайадтæй иумæ бакодтой 39-аздзыд Цкъаты Владимиры, цыран йемæ куыстой фæдагурæн хайады оперативон кусджытæ. 1 ноябры æхсæвы нæлгоймаг уадзыгæй бахаудта Дзæуджыхъæуы республикон клиникон рынчындонмæ ӕмӕ амард реанимацион хайады.

Управленийы информацимæ гæсгæ, æлхынцъон скъуыддзаг рахастæуыд полицийы аст кусæгæн: Дзæуджыхъæуы уголовон агуырды хайады гæс æмæ авд кусæгæн. Уыдон иууылдæр сты 24-36 азы кары.

"Сæ аххосы æмвæзадмæ æнæкæсгæйæ, уыдоны иууылдæр аххосджын кæнынц сæ куысæгон барты сæрты ахизыны, тыхархайд кæнын, сæрмагонд фæрæзтæй спайда кæныны, кæцытæн уыд уæззау фæстиуджытæ), æнæниздзинадæн стыр зиан бакæныны, кæцы æркодта амæттаджы амæлæтмæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Раздæр куыд фехъусын кодтой, афтæмæй резонансон хъуыддаджы фæдыл ахст æрцыдысты уголовон агуырды хайады гæс æмæ фараст кусæджы. Азымгондæй дыууæйæ фӕдагуырды рӕстӕджы сарӕзтой тӕрхонагъоммӕ бадзырд ӕмӕ активонӕй ахъаз кодтой ацы фыдракӕнд раргом кӕнынӕн. Сæ ныхмæ уголовон хъуыддаг рахицæнгонд æрцыд хицæн кондадмæ æмæ æрвыст æрцыд тæрхондонмæ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0