ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны политикон цаутæ сты республикæйы мидæггагон хъуыддаг æмæ никуыд хъыгдарынц аннæ паддзахæдты интерестæ, фехъусын кодтой республикæйы ФХМ-ы, ООН Генералон секретары минæвар Стефан Дюжариккы ныхасæн комментаритæ кæнгæйæ.
Дюжарикк равдыста катай 9 апрелы ацæугæ республикæйы историкон ном раздахыны фæдыл референдум æмæ президентон æвзæрстыты тыххæй. ООН-ы уымæн аргъ кæнынц куыд иуварсон архæйдтытæ, кæцытæн уыдзæн негативон æндæвдад регионалон æдасдзинадыл æмæ фехалдзæн Ӕхсæнадæмон Женеваг дискусситæ.
Хуссарирыстойнаг дипломатон уагдоны ацы ныхæстæ схуыдтой æнæбынат, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны ацæугæ политикон цаутæ сты — "æрмæстдæр йæ мидæггагон хъуыддаг æмæ йæ суверенон бар æмæ никуыд хъыг дарынц аннæ бæстæты интерестæ".
"Дызæрдыг кæнæм, ацы цаутæн исты æндæвдад кæй ис регионалон æдасдзинадыл, уæлдайдæр та женеваг дискусситы позицитыл. ООН-ы генсекы минæвары логикæйæн ис бамбарæн æрмæстдæр уæд, кæд æмæ Женеваг дискусситæ уыдон нымайынц Хуссар Ирыстоныл политикон æндæвдады фæрæз, перспективæйы йæ Гуырдзыстоны политикон орбитæйы скондмæ бакæныны нысанимæ", — банысан кодтой ФХМ-ы.
Уагдоны ма банысан кодтой, Гуырдзыстон кæй аразы провокацитæ женеваг формат фехалынæн, "уымæн æмæ гуырдзиаг фарс фидарæй иуварсонæй рахæссы Женеваг дискусситы мандатмæ хауæг фарстытыл уынаффæ æндæр æхсæнадæмон фæзуæттæм, уый нымæцы ООН-ы, цы ран дискусситы аннæ архайджытæ хайад нæ исынц".
Ахæм уагахаст ныридæгæн æркодта Женевæйы лигъдæтты проблемæйы сæхгæдмæ, афтæмæй та уый у актуалон алы фарсæн дæр, бафтыдтой ФХМ-ы.