ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ног равзæрстгонд президент Бибылты Анатолийы инаугурацимæ æрцæудзæн Луганскаг адæмон республикæйы сæргълæууæг Игорь Плотницкий, афтæ ма Уæрæсе, Абхаз, Донецкаг адæмон республикæ, Хæххон Карабах, Днестргæроны минæвæрттæ, загътой Sputnik мадзæлттæ организацийы фæдыл комитеты.
Бибылты Анатолий, кæцы фæуæлахиз президентон æвзæрстыты, официалон æгъдауæй йæ бынатмæ бахиздзæн 21 апрелы.
"Абоны онг мадзалы сæ хайадист бафидар кодтой ЛАР-ы сæргълæууæг Игорь Плотницкий, Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Абхазы премьер-министр Беслан Барциц, ДАР-ы парламенты спикер Денис Пушилин. Уазджыты нымæцы ма уыдзысты Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы советы, Уæрæсейы УУМ-ы делегацитæ, уазджытæ Днестргæрон æмæ Хæххон Карабахæй, афтæ ма бизнес æмæ динон архайджытæ", — загътой оргкомитеты.
Цытджын мадзал ацæудзæн республикон стадионы, кæцы нымад у 5 200 адæймагыл. Нырмæ инаугурацитæ цыдысты хицауады рабадты стыр залы, науæд та ПККЗ "Чермен"-ы.
Уымæй размæ Бибылты Анатолий фехъусын кодта, кæй йæ фæнды фенын мадзалы Хуссар Ирыстоны адæм æмæ йæ хæлæртты, уыдон та се ʻппæт залы нæ бацæудзысты.