ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий йæ фыццаг кусæгон бон фембæлд республикæйы хицауадимæ.
Хуссар Ирыстоны министрты кабинет абон радта йæ æххæстбартæ, хицауады уæнгтæ сæ хæстæ 'ххæст кæндзысты, цалынмæ хицауады ног сконд арæзт æрцæуа, уæдмæ.
Бибылты Анатолий банысан кодта, кæй бафыста указ хицауады отставкæйы арвитыны фæдыл æмæ цæмæй хицауады уæнгтæ сæ хæстæ æххæст кæной, цалынмæ ног сконд арæзт æрцæуа, уæдмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, иу-дыууæ къуырийы мидæг арæзт æрцæудзæн ног командæ.
"Иууыл сæйрагдæр у хицауады бæрндзинад бакæнгæ куысты тыххæй. Плюстæ дæр æмæ минустæ дæр сты хицæн чиновникты нæ, фæлæ æппæт хицауады архайд", — загъта Бибылты Анатолий фембæлды рæстæджы.
Уый æрсидт, цæмæй куыст адарддæр кæной æххæст тыхтæй, кæд сæ хæстæ рæстæгмæ æххæст кæндзысты, уæддæр.